21 аздзыд Касрадзе Ликъа равдыстмæ Эргнетæй ныццыдис. Къаралеты
темы центрмæ уый йæхи сæрмагонд куыстыты бавдыста, кæцыты куыд
йæхæдæг зæгъы, афтæмæй, сихорæй фæстæмæ, куыстæй куы æрбаздæхы
хæдзармæ, уæд сæ кæй цæттæ кæны. Равдысты уый хайад фыццаг хатт
райста, зæгъы, цæмæй хъæуы бирæ цæрдæг æмæ курдиатджын æрыгон
фæсивæд ис, фæлæ уыдонæн сæхи арæзт куыстыты уæрæх æхсæнадæн фенын
кæнынæн къаддæр фæрæз ис.
Ликъаимæ иумæ равдыстмæ сæхи сæрмагонд куыстыты æрбахастой
Гареджуары æмæ Къаралеты æрыгæттæ дæр. Равдысты параллелонæй залы
сылгоймæгты куысты æвдисæг фототæ дæр æвæрд æрцыдысты.
Параллелонæй, уым уæвæг æхсæнадæн амал уыдис уыцы видео-ролик дæр
федтаиккой, кæцы Гуры муниципалитеты цалдæр хъæуы цæрæг сылгоймæгты
æрвылбонон цардмæ хаудис.
Мадзалмæ бынæттон æмæ æввахс хъæуты цæрæг адæймæгтæ æрбацыдысты.
Хъæуы цæрæг сылгоймæгты ролыл ныхас кодтой мэры минæвар Къаралеты
Чалаури Йосеб. Цæвиттонæн, уый æрымысыд йæ бинойнаджы истори, кæцы
Тбилисæй æрцæугæ йæ цард Къаралеты куыд адарддæр кодта.
«Ахæм кусаг уыд, æмæ нæ уыдтæн æнхъæл, цалдæр мæймæ сарæзтаид уыйас
саразын, цасдæриддæр гæнæн ис сылгоймаг 5 азы дæргъы сараза.
Сылгоймаг кæцыдæриддæр Тбилисы, тæрхондоны куыста æмæ къуырийы
мидæг дыууæ хатты салонмæ цыдис, уыйас куыст бакæнын бафæрæзтаид
хъæуы», - банысан кодта Чалаури Йосеб.
Мадзал темы центры Къаралеты сылгоймæгты солидарады центры
организацигондæй æмæ «Сылгоймæгты фонды» æххуысæй уагъд æрцыд.
Фидæны мæйы ацы организаци 2019 азы къæлиндар дæр рауаддзæнис,
кæцыйыл Гуры муниципалитеты 12 активон сылгоймаджы цыбыр истори æмæ
фототæ уыдзысты бахастгонд.