Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Цихелашвили Кетеван – IPRM-йы фембæлдтытæ æнæмæнгæй хъуамæ адарддæр уой
«Ацы форматтæ æрмæст хъахъхъæдгонд ма хъуамæ æрцæуой, фæлæ-ма ноджы эфективон дæр хъуамæ суой», - ахæм дзуапп дæтты Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты Гуырдзыстоны паддзахадон министр Цихелашвили Кетеван Уæрæсейы фæсарæйнаг уагдоны официалон минæвары Захарова Мариайы курдиатæн, уый фæдыл, цæмæй «гуырдзиаг партнертæ не сты цæттæ хайад райсой иумæйаг куысты, кæцы арæнгæрон территорийыл æндыгъддзинад фæкъаддæр кæндзæнис».

Паддзахадон министры ныхасмæ гæсгæ, гуырдзиаг фарс конструкционæй хайад исы бадзырдты алы форматы дæр æмæ дырысæй хъусын кæны алыран дæр, уыдон æхсæн æрæджы ауагъд Женевæйы раундыл дæр, цæмæй иницидентты превенцийы æмæ уыдоныл реагир кæнынады механизмы фембæлд æнæмæнгæй хъуамæ адарддæр уа, цæмæй уый æнæмæнгхъæугæ у уыцы элементарон стабилизацийæн, кæцы сындзтелгæрæны дыууæ фарсырдыгæй цæрæг цæрджыты æрвылбонон цардæн у хъæугæ.

«Зынæмбарæн у цæмæн лæггад кæны ахæм типы курдиæттæ уæд, кæд æмæ гуырдзиаг фарсы позици ахæм иувæрсыг уыдзæн. Ацы форматтæ æрмæст хъахъхъæдгонд ма хъуамæ æрцæуой, фæлæ ма хъуамæ ноджы эффективон суой, уымæн æмæ, сабырады æмæ стабилизацийы тыххæй æнæмæнгхъæугæ у абоны статус-кво ивд æрцæуа æмæ конфликт сабырæй бæстонгонд æрцæуа».

«Кæй зæгъын æй хъæуы, ницыхуызон арæнтыл ныхас нæ уыдзæнис æмæ уый тынг хорз хъуамæ æмбара алчидæр, уыдон æхсæн Уæрæсейы Федераци дæр. Абон мах ныхас кæнæм сындзтелгæрæнæй арæнгонд оккупацион хаххыл, кæцы адæймæгты æрвылбонон царды хъыг дары. Тынг уæззау уавæрты æппары сæйрагæйдæр сындзтелгæрæны иннæ фарс цæрæг адæймæгты, адон сты гуырдзиæгтæ, ирæттæ æви абхазæгтæ уæлдай сæ нæй. Ам цæрæг гуырдзиæгтæ ноджы фылдæр уæззау уавæрты сты, уымæн æмæ дывæр дискриминацийы æнкъарынц», - загъта Цихелашвили Кетеван.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.