Ног хабæрттæ
Сакоринтлойы æмæ Ахалшены фæндагыл асфальт аразынц
Гуырдзыстоны хицауады аскъуыддзагмæ гæсгæйæ, дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Сакоринтлойы хъæуы фæндаг ног асфальтгонд хъуамæ æрцæуа. 1,8 милуан ларион тендермæ хауы 2,7 км дæргъы фæндаджы сасфальт кæнын.

Куыстытæ афæдзы кæронмæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуой.

Проекты фæлгæтты æркастгонд ис реабилитацион фæндаджы фадыг, кæцы райдайы Квемо Чъалайæ, цæуы Сакоринтлойыл æмæ хæццæ кæны Ахалшены онг.

Автомобилон фæндаджы реабилитацион фадыг, кæцыйæн капиталон цалцæг хъæуы, дыууын азæй фылдæр ам ныцыхуыз куыстытæ æрцыд уагъд, асфальты цъар практиконæй нал баззад фæндагыл, фæзынд дзы уæрмытæ.

Сакоринтлойы фæндаджы тыххæй Шида Картлийы информацион центр цалдæр хатты æрцæттæ кодта репортаж. Бынæттон цæрджытæ фæндаджы саразын рагæй куырдтой.


Print