Ног хабæрттæ
Цыбыр фадæтты уæвæг гоймаджы æнхъæлмæ каст хæсгæ асыккмæ
Цицаги Темур, æвзæрстыты сыхагон къамисы уæнгтæм, хæдзары 15 сахаты онг фенхъæлмæ каст. Ныфс æй уыдис, æмæ президентон æвзæрстыты уый хъæлæс бæллиццаг кандидатæн кæй ратдзæнис. Фæлæ, йæ бæллицтæ фæмæнг сты. Зæгъы, цæмæй фæстаг дыууæ азы мидæг ахæм уавæры ис.

Уый 2008 азы августы хæсты фæстæ цыбыр фадæтты уæвæг гоймаг у. Къаспы хиды бомбæ кæныны рæстæджы зиан баййæфта. Уæдæй фæстæмæ йын цæуын тынг зын у. Йæ бинойнаг Кикнадзе Нана зæгъы, цæмæй уый цалдæр хатты кæй бафæдзæхста агитаторты номхыгъды уæвæг проблемæты тыххæй, фæлæ йын йæ курдиат ничи сæххæст кодта. Нæдæр ын рекомендаци раттой, цы хъуамæ сарæзтаид ахæм рæстæджы.

Абоны архайгæ æвзæрстыты кодексмæ гæсгæ, хæсгæ асыккы номхыгъды уæвæг æвзарæг хъæлæс дæтты æрмæстдæр хæсгæ асыккы æххуысæй, 15 сахаты æмæ уый æвзарæн сыхмæ бацæуыны цауы, хъæлæс нал ратдзæн.
Æвзарæн хæсгæ асыккы æххуысæй хъæлæс раттыны тыххæй æвзарæн къамисмæ курдиæттæ хъуамæ бадæттаиккой хъæлæс раттынæй 2 боны раздæр. Æвзарæджы хæсгæ æвзарæн асыккы номхыгъдмæ уый фæстæ бахæссынц, куыддæр: æвзарæны къамисы нымæрдар регистрацион журналы регистрацийы ауадзы æмæ йæ къухфыстæй сбæлвырд кæны æвзарæджы фыст куырдиаты кæнæ телефоны ныхасæй, телефоны хъусинаджы дырыс рæстæг æмæ аккаг телефоны номыры бацамындæй.


Print