Ног хабæрттæ
Скърайы лигъдæтты цæрæнуаты лигъдон сылгоймæгтæн æмæ чызджытæн тренинг ауагътой
Скърайы лигъдæтты цæрæнуаты фæзуаты, лигъдон сылгоймæгты æмæ чызджыты хайадистимæ иумæ фембæлд уагъд æрцыд. Хистæр фæлтæры минæвæрттæ сæхи сæрмагонд фæлтæрддзинады тыххæй æвзонг фæлтæрæн радзырдтой æмæ сын бамбарын кодтой, цæмæй сылгоймагæн бинонты хсæн рагæй фæстæмæ сæрмагонд бынат ахста. Фæлæ йæ бартæ абоны онг арæх хæлд цæуынц, æрыгæтты хъуыдымæ гæсгæ, уый аххосаг баст у æмбарынады ныллæг æмвæзадимæ.

Къаралеты сылгоймæгты солидарады центр, лигъдон сылгоймæгтæн æмæ æвзонг чызджытæн раст ацы темæйыл ныхас кæнынмæ, сылгоймæгты информацион центры æмкусджыты æркодта. Сылгоймæгты фонды рдыгæй фарсхæцæг проекты фæлгæтты фембæлды хайадисджытæ уыцы цауты æрымысыдысты, сæхæдæг тыхмийы амæттаг бинонты хсæн кæнæ скъолæйы куы баисты.

Фембæлды организатортæ уыдонæн информаци раттой уæвæг хъахъхъæнæг механизмы æмæ превенцийы тыххæй. Хистæр фæлтæры минæвæртты курдиатмæ гæсгæ раджы рæстæджы æндæрхуызон менталитет уыдис æмæ бинонты хсæнæй исты деталты æддæмæ рахæссын кæй нæ уыд нысанæмраст, кæцыйыл æрыгæттæ не сразы сты.

Фембæлд 2 сахаты бæрц адаргъ ис, цыран 15-ы онг лигъдон уыдис. Фембæлдыл нысангонд æрцыд, цæмæй сылгоймæгты бартæ рагкарæй зонындзинад фидæны бирæхатт къаддæр проблемæты фæзыныны разуавæр у.


Print