Ног хабæрттæ
Лигъдæттæн «Сокар» 2008-2015 азты æрæмбырдгонд газы хæсты бакой кодта
Зымæджы æрæввахсимæ иумæ лигъдæтты цæрæнуаты 7 азы дæргъы æрæмбырдгонд хæсты бафидыны кой уыд. Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центримæ Шаушвебы хъæуы цур уæвæг котеджты цæрджытæ ныхас кодтой.

Уыдоны ныхасмæ гæсгæ, цалдæр хæдзары бинонтæн æрдзон газ æхгæд æрцыд. «Сокар Джоджиа» æрмæстдæр иу уавæрыл разы кæны – газы хæсы фидгæйæ лигъдон бинонтæ алы мæй дæр уæлæмхас 15 ларийы хъуамæ æфтауой.

Фидинаг суммæйы бæрцад бирæ бинонтæн дзæвгар стыр у. Зæгъæм, Цъикаридзе Сопойæн уæлæмхасæй 500 лари фидинаг у. Надибаидзе Еленейæн та, уый фадат дæр нæй, цæмæй суммæйы хайгай бафидыны тыххæй бадзырдыл къух æрфыссынæн Гурмæ, Сокар Джорджийы офисмæ ныццæуа.

«Рауад афтæ, æмæ уал нын нырма æрдзон газ бахардз кæнын кодтой, уый фæстæ та нæ суммæ æркуырдтой. «Националон змæлды» периоды нын æппындæр нæ фидын кодтой фидинæгты. Куыддæр ацы хицауад æрлæууыд, уæдæй фæстæмæ райдыдтой ацы хабæрттæ», - зæгъы Цъикаридзе Сопико.

Лигъдæтты цæрæнуæттæ 2008 азы августы хæсты фæстæ фæзындысты. Котеджты электроэнергийы æмæ æрдзон газы системæтæ цæрджытæ цæттæйæ баййæфтой. Зæгъынц, цæмæй уыдонæн æрвылмæйон субсиди 50 ларийы бæрц уыдис. Иуæй-иу хæдзары бинонтæ рухс æмæ газы ацы лимиты фæлгæтты хардз кодта. Иуæй-иу бинонтæ та, уымæй фылдæр.

«Сокары» Гуры сервисцентры менеджер Григолашвили Гиорги зæгъы, цæмæй дотаци 2015 азы æхгæд æрцыд , фæлæ, йæ куыд хъуыды кæнын, афтæмæй, паддзахад лигъдæттæн æндæр формæйæ æххуыс кæны.

«Лигъдæтты цæрæнуæтты æрдзон газы уыцы периодæй хардз кодтой, уым куыддæр æрцардысты уыцы периодæй. Хæс сын ис æнæхъæн периоды дæргъы, сæрмагондæй, 2008-азæй райдагæйæ 2015 азмæ нымадæй. Нæ компани æнæпрецедентон хъарæндзинад сарæзта, ацы хатт, ныр дыккæгæм. Лигъдæтты цæрæнуаты цæрæг цæрджытæм бахатыдыстæм, цæмæй æрвылмæйон фидинагмæ бафтауой 15 лари. Уæвæг хæсы уавæртæм гæсгæ иутæн ацы суммæ дихгонд æрцыд иу афæдзыл, иннæтæн дыууæ, кæмæн та ноджы фылдæр æмгъуыдæй», - зæгъы Григолашвили Гиорги.

«Сокары» бæрнон кусæг зæгъы, цæмæй æрдзон газы ацы этапыл никæмæн сæхгæдтой.

Print