Ног хабæрттæ
«Оккупаци дарддæр кæны» - Атъоцы цæугæ процессæн Европæйы Советы Парламентон Ассамблейы минæвар дзуапп кæны
«Мах æрвыл хатт дæр æргомæй дзырдтам, цæмæй бордеризаци æмæ Уæрæсейы хицауады архæйдтытæ Гуырдзыстоны территорийыл æнæрайсгæ сты», - ай фæдыл журналисттимæ ныхасы рæстæджы Европæйы Советы Парламентон Ассамблейы Гуырдзыстоны фарстæты мониторингы æмдокладгæнæг Керстин Лундгрен фехъусын кодта.

«Мах Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады фарс хæцæм. Оккупаци дарддæр кæны æмæ ног сындзтелгæрæнты аразын гуырдзиаг адæмы дих кæны. Ноджы-ма иу хатт сфæлхатт кæндзынæн, цæмæй уый æнæрайсгæ у. Мах аимæ разы не стæм. Ай уынын кæны уый, æмæ Уæрæсейы хицауад куыд уадзы бордеризацийы, куыд кæны аразгæ барертæ гуырдзиаг адæмы ‘хсæн. Мах, куыд докладгæнджытæ, Европæйы Советмæ йæ адæтдзыстæм. Швецимæ, куыддæр аздæхон фæстæмæ, адæмæн фехъусын кæндзынæн, ам цыдæриддæр цæуы, уый тыххæй æмæ хъуыды кæнын, хъуамæ æнæмæнгæй зоной ацы цауты тыххæй. Уый, цыдæриддæр Гуырдзыстоны арæзт цæуы, ма хъуамæ цæуа», - фехъусын кодта Керстин Лундгрен.

Print