Ног хабæрттæ
Чъанкъотадзе Девийы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æфсад фынæй Цхинвалы бомбæтæ нæ калдта
«Гуырдзыстон нæ райдыдта хæст æмæ бомбæтæ дæр нæ калдта фынæй Цхинвалыл, мах нæ райгуырæн бæстæйы хъахъхъæдтам», - афтæ зæгъы æмбæстонтæн инæлар Чъанкъотадзе Деви Рустауы - 2-йы эфирæй. 2008 азы августы хæсты рæстæджы уый артиллериæн разамынд кодта.

Генералон штабы раздæры хистæры фидарæй уырны, цæмæй президентон æвзæрстыты дыккаг туры рæстæджы адæм раст æвзарæн скæндзысты æмæ бæстæйæн аккаг президент уыдзæнис.

Чъанкъотадзе Девийы ныхасмæ гæсгæ, нæй гæнæн æмæ нæ бæстæйæн уа ахæм президент, кæцы Гуырдзыстоны хæсты райдайыны аххосджын кæны.

«2008 азы Гуырдзыстоны æфсад хъахъхъæдта йæ райгуырæн бæстæйы. Нæ мард лæппуты рухс цæсгомы раз, не ‘мтохгæнджыты раз, æнæхъæн Гуырдзыстоны раз, мах хъуамæ ноджы иу хатт зæгъæм рæстдзинад, Гуырдзыстон нæ райдыдта хæст, Гуырдзыстоны æфсад бомбæтæ нæ калдта фынæй горæтыл. Мах хъахъхъæдтам нæ райгуырæн бæстæйы æмæ йæ сомбоны дæр бахъахъхъæндзыстæм. Цалдæр къуырийы мидæг Гуырдзыстон ног президенты сывзардзæн, æфсæддон тыхты бæрзонддæр сæйрагкамандыгæнæг. Уый нæй гæнæн æмæ уа уыцы адæймаг, кæцы аххосджын кæны Гуырдзыстоны хæсты райдайыны. Кæй аххоскæнынады бындурыл Гаагайы трибунал æмæ уырыссаг оккупант тырны, нæ лæппутæн стæрхон кæна», - фехъусын кодта Чъанкъотадзе Деви.

Print