Ног хабæрттæ
Скъолæйы ахуырдзаутæн гуырдзиаг-ирон æмахастыты истори радзырдтой
Гуры, æхсæнад «Биликъæйы (Къахвæндаг)» организацигондæй скъолæйы ахуырдзаутæн æмæ студенттæн гуырдзиаг-ирон æмахастыты историйы тыххæй радзырдтой, кæцымæ хауы куыд 90-æм азты æрцæугæ хабæрттæ, афтæ, уый фæстæ периоды æрцæугæ хабæрттæ дæр.

Ацы темæйыл проекты хайадисæг æрыгæттимæ «национализмы æмæ конфликтты иртасæны институты» минæвар Каландаришвили Нино ныхас кодта.

Гегелашвили Тамуна, кæцы Карелы муниципалитеты Земо Хведуреты хъæуы ахуырдзау у, зæгъы, цæмæй абон цы информацимæ байхъуыста уый скъолæйы нæ ахуыр кæнынц. Хъуыды кæны, цæмæй æмахастдзинæдты историйы цас гæнæн ис уыйас фылдæр æрыгоны хъуамæ сахуыр кæна.

Гуры дыккаг астæуккаг скъолæйы ахуырдзау, Георгадзе Гиорги зæгъы, цæмæй куыд фидæны дипломатæн, ацы информаци пайда уыдзæнис: «Кæд ацы конфликт, цалынмæ мах схъомыл уыдзыстæм, уæдмæ не рцæудзæнис скъуыддзаггонд, уæд мæн уырны, цæмæй мах куы схъомыл уæм, уæд ацы конфликты æрбæстон кæнын ахиздзæн регулиркæныны фазмæ. Иумæ æрбаддзыстæм æмæ баныхас кæндзыстæм».

Сплангонд ис, цæмæй проекты хайадисæг æрыгæттæ цалдæр мæйы дæргъы цалдæр экспертимæ фембæлдысты. Фæстагмæ, уыдон документалон фильмтæ сцæттæ кæндзысты.


Print