Ног хабæрттæ
Цавæр стандарттæн хъуамæ дзуапп дæтта гуырдзиаг цыхт европæйаг базарыл
65 аздзыд Джалалов Омар Сагареджойы муниципалитеты Иормугъанлойы темы Ламбалойы хъæуы цæры. Уымæ ис 400-мæ ‘ввахс фыстæ. Цыхт хохы цæттæ кæны æмæ йæ Иормугъанлойы базары уæй кæны 12-15 ларæй.

Уый ныхасмæ гæсгæйæ, кæд Европæйы базар байгом уыдзæн, æфтиаг дæр фæфылдæр уыдзæни. Фæндондзинад ис, фæлæ уый тыххæй цы домындзинæдтæн хъуамæ дзуапп дæтта продукт, информаци сæм нæй. Цыхт афтæ цæттæ кæнынц, куыд сæ фыдæлтæ.

«Ассоцирдзинады бадзырды» фæлгæтты продукт бæрæггонд домындзинæдтæн хъуамæ дзуапп дæтта.

«Ассоцирдзинады бадзырдмæ» гæсгæйæ, амалиуæггæнджытæ хъуамæ дзуапп дæттой критикон контролон точкæты æмгъуыдтæн. Кæнæ, кæд æмæ микробиологион сгæрсты рæстæджы сбæрæг ис, цæмæй продукт нæу бæзгæ, амалиуæггæнæгæн уыййас хъуамæ уа фидаргонд стандарт, æмæ магазинæй сиса уыцы продукци, кæцы гæнæн ис æмæ уа тæссаг æнæниздзинадæн.

Ассоцирдзинады бадзырд Гуырдзыстоны ‘рдыгæй домындзинæдты бынæттон базарæн дæр фæтк æвæры, цыран ацы афонæн цыхты æдасдзинад акредитацигонд лабораторитæ сгарынц.

«Ассоцирдзинады бадзырдмæ» гæсгæйæ, 2017 азæй ферьмертæ аграрон базары æнæ басгæрстæй цыхт нал ауæй кæндзысты. Йæ бæззондзинад ын лабораториты гæнæн уыдзæн сбæрæг кæнын.

Print