Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Кънолевы хъæуы фæндаг аразыны куыстытæ уагъд цæуы
Карелы муниципалитеты мэр Гулиашвили Заза, дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Кънолевы хъæуы фæндаджы асфальтгæнæн куыстыты бабæрæг кодта.

Ай фæдыл информаци Шида Картлийы информацион центрæн, Карелы мэрийы пресс-куыстуатæй фехъусын кодтой.

Пресс-куыстуаты информацимæ гæсгæ, Кънолевы хъæуы хъуамæ асфальтгонд æрцæуа 600 метры дæргъмæ фæндаджы фадыг. Ныртæккæ æххæст цæуы донлæсæн системæйы æмæ бетон кæныны куыстытæ.

Проект уагъд цæуы регионалон рæзынады фонды финансон æххуысæй. Куыстытæ æххæст кæны компани «Крос Поинт».

Print