Ног хабæрттæ
Къахпорти дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты
Божами, Ламисхъана, Рене, Самтависи, Квемо Чъала – дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс ацы хъæуты æвзонг фæссивæды иу къахпортийы (футболы) командæ иукæны.

Ацы клуб Къаспы муниципалитеты Самтависы хъæуы æрцыд арæзт.

Йæ разамонæг у Къаспы раздæры къахпортийы командæ «Гантиады» къахпортийæ хъазæг Къобаури Давит.

Самтависы стадионмæ æвзонг фæссивæд, зæгъæн ис, æмæ æрвылбон æмбырд кæнынц. Территори скъоламæ хауы æмæ, тренер куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, командæ дæр скъолæйы базæйыл арæзт æрцыд.

Ацы стадионыл хъомыл къахпортийæ хъазджыты фылдæр хай абон æндæр æмæ æндæр зынгæ къахпортийы клубты хъазынц.

Карьерæ скæнын 12-æм къласы ахуырдзау Меладзе Нодарæн нырма нæ бантыстис. Уый 3 азы нырма Къобаури Давиты командæйы хъазыд, стæй Къаспы «Гантиадмæ» ахызтис. 5 азы фæстæ та, командæ ныппырхи.

Фæстагмæ йын æндæр фæрæз нал уыд æмæ ахызт Гуры «Дилайы» резервты скондмæ.

«Уым дыууæ къуырийы бафæрæзтон, уый тыххæй æмæ, мын нæ дæр ахуырæй уыд цæуыны фадат æмæ стæй дæрддзæф дæр уыд» - зæгъы Меладзе Нодар.
Къобаури Давит йæ хъусдард здахы сывæллæтты къахпортийы рæзынады зындзинæдтæм. Йæ фæндон у, цæмæй фыццаг æмæ дыккаг лигæйы командæты сæххæст кæнынæн, «хъомыл» къахпортийæ хъазджыты фæлтау, фæлтæрты регионты æрцагурой.


Print