Ног хабæрттæ
Суг æрласт 2 мин лари иварыл фæци
Мандзулашвилиты бинонтæ, хъæдæй иу уæрдон суг æрласыны тыххæй, 2 мин ларийæ иваргонд æрцыдысты.

Уый фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн радзырдта Къаспы районы Самтависы цæрæг Мандзулашвили Олиа.

Йæ ныхасæй, социалон фыдуавæр æмæ тыхстдзинадмæ гæсгæ, йæ фырт хæрæджы уæрдоныл суг æввахс территорийæ æрласта. Æрдз хъахъхъæнынады министрады æмкусджытæ та йæ административон æгъдауæй æрцахстой.

Самтависы территорион темы дихгæнæг хаххы цур хъæутæ арæн кæнынц. Ацы хъæутæн та, Цхинвалы де-факто хицауады контролгонд хъæдтæ сты сæ алфæмблайы.

Мандзулашвили Олиа зæгъы, цæмæй йæ хъæбул дæр Гуырдзыстоны хицауады контролгонд территорийыл уыди.

Мандзулашвили Олиа – Самтависы бындурон цæрæг: - «Тыхстыстæм, суг нын нæ уыди æмæ ацы чысыл уæрдоны дзаг æрласта мæ хъæбул, нæ мын уыд суг æмæ хъуамæ уазалы амардаин? Мæ бон нал уыд, рынчын ус дæн, цалдæр операци мын ис конд. Нæдæр æй зыдтам æмæ ацы закъон кæй рацыд. Нæ йæ зыдтам æмæ йын сæрмагонд хицау кæй ис, фæлæ дам ницы у æндæры, афтæ зæгъы хъæуы хицау æмæ цы зонын. Мах афтæ зыдтам, цæмæй хъæуы у хъæд æмæ уый тыххæй ластам уырдыгæй суг дæр».

Хъæуы цæрджытæ: - «2000 лари рафыстой, цы у ай, цы бæстæйы стæм, чысыл сабитæ йын ис хæдзары, уæдæ цы хъуамæ кодтаид, уазалæн сæ мыййаг куы нæ фæцæгъдын кодтаид?».

Мандзулашвили Важа, бинонты хицау: – «Уыдтæн хъæуы хъæды, æрластон иу хæрæджы уæрдоныдзаг суг æмæ мæ уый фæдыл фæивар кодтой 2000 ларийы, кæд æмæ мын æппындæр ницы ис».

Мандзулашвили Олиа (ахсты мад: - «Æвзæр уавæры дæн, нæ зонын, æфтиаг дæр æм никуыцæй хауы, бинонтæ йын нæй, сывæллон ын нæй, ницы йын ис, хæдзар ын нæй, дуар ын нæй, ацы хæдзар иннæ лæппуйы у æмæ ай баззад афтæ уæлдæфы, æхсæвæй бонæй мæ цæстысыг згъалын. Бакуырм дæн».


Print