Ног хабæрттæ
Никозæгтæ фæндаджы арæзтмæ уалдзæджы æнхъæлмæ кæсынц
Гуры районы Никозы хъæуы хæлд фæндаджы сцалцæг кæнын домынц.

Ай фæдыл бынæттон цæрджытæ Шида Картлийы информацион центримæ ныхас кодтой.

Сæ ныхасмæ гæсгæйæ, автомобилон фæндаг хъæумæ доны трубæтæ æмæ газификацийы куыстытæ уадзыны рæстæджы фехæлдис.

Куыстыты сæххæсты фæстæ та, фæндаджы фæстæмæ сæндидзыныл нæдæр ахъуыды кодтой.

Бынæттон цæрджытæн хицауады минæвæрттæ баныфс æвæрдтой , цæмæй къахт фæндæгты 2016 азы уалдзæджы сцалцæг кæндзысты.

Мчедлидзе Иванэ (Никозы хъæуы цæрæг): - «Ацы трубæтæ гъеныр ныккалдтой, дон рауагътой æмæ сæ куыстытæ дæр фесты, фæлæ фæндæгтæ къахтæй ныууагътой. Æвæццæгæн сæ сараздзысты. Зæгъон æмæ асфалт фæндаг сараздзысты-зæгъгæ, æмæ мæ цыдæр нæ уырны. Нырма зымæджы мæйтæ сты. Ныфс нын æвæрынц, æмæ дам сæ уалдзæджы райдайдзыстæм».

Ломсадзе Иванэ (Никозы хъæуы цæрæг): - «Уалдзæгæй райдайдзысты, уымæн æмæ, ам донхæр кæныны дæттæ рацыдысты, не стæм ацы хицауадæй хъастгæнджытæ, æмæ зоныс цæмæннæ? Бирæ цыдæр арæзт æрцыд, газ, дон, фæлæ проблемæтæ бирæ ис. Проблемæтæ мæнæ дæллаг сыхы ис, æндæра махæрдыгæй уæлейæ цыдæр уæлбартæ ис».

Махарашвили Гурам (Никозы хъæуы цæрæг): - «Газ рауагътой, дон рауагътой æмæ амæй фæстæмæ та фæндаг сараздзысты.

Ломсадзе Иванэ (Никозы хъæуы цæрæг): - «Транспорт уын куы ис? Уæд, уæрмыл куы ахизай æмæ æрбахизай, гъе уый нæу проблемæ, зæгъгæ?».


Print