Ног хабæрттæ
Цхинвалы канализаци Никозы дыргъдæтты
Гуры муниципалитеты Никозы хъæуы дыргъдæтты фылдæр хай бахус сты.

Банысангонд факты бынæттон цæрджытæ Цхинвалæй рауадзгæ канализацийы доны аххос кæнынц.

Бынæттон цæрджытæ Шида Картлийы информацион центрæн уыцы бынат фенын кодтой, цы ранæй канализацийы дон лæдæрсы.

Къанауо, цыранмæ ныртæккæ канализацийы дон лæдæрсы. Цалдæр азы размæ донхорыг кæныны дон Цхинвалы ‘рдыгæй цыдис.

2008 азы августы хæсты фæстæ Цхинвалы дэ-факто хицауад Никозы ‘рдæм цы донхæрæн канал цыд уым дон нал рауагъта.

Гуырдзыстоны хицауад цалдæр азы фæстæ альтернативон методмæ æрæвнæлдта.

Уæллаг æмæ Дæллаг Никозы ‘хсæн донмарæн арæзт æрцыд. Дон трубæты мидæг Уæллаг Никозы уæлвæзмæ хæццæ кæны. Уырдыгæй та, æндæр трубæты мидæг дæлæмæ цæуы.

Фæлæ, Уæллаг Никозы цы бинонтæ баззад цæргæ, уыдон ацы донмарæнæй дон нæ арæхсы æмæ дзы нæ пайда кæнынц.

Уымæ гæсгæйæ, хус рæстæджы æнæдонæй баззайгæ хайæн æндæр фæрæз нæй æмæ раздæры къанауойы Цхинвалæй цæугæ канализацийы донæй сæ дыргъдæттæ æмæ цæхæрæдæттæ донхорыг кæнынц.

Дыргъты бахусы уæвын та, растдæр, канализацийы доны аххос кæнынц.

Бынæттон цæрджытæ зæгъынц, зæгъгæ, æнæдонæй баззайгæ хъæуы хайы проблемæ цæмæй бæстонгонд æрцæуа, уый тыххæй хъуамæ донмарæнæй доны уадзгæйæ трубæтæм æфтыд æрцæуа æмæ цæмæй хъæуы кæронмæ хæццæ кæна.

Битадзе Вахтанг (Никозы хъæуы цæрæг): - «Хус кæны хус, уый у æнæдон æмæ канализацийы донæй расайгæ. Ам та лæугæ нæ кæнæм сæрды. Ахæм тæф дзы вæййы сæрды, æмæ сывæллæтты дæр æддæмæ нал кодтам. Хъæуы сæрмæ цæуы канализаци. Амæ гæсгæйæ, дыргъ нал зайы, бахус сты иууылдæр, канализацийы дон хус кæны дыргъбæлæсты».

Мчедлидзе Иванэ (Никозы хъæуы цæрæг): - «Канализаци иудадзыгæй цæуы, куы фылдæр вæййы, куы къаддæр. Цхинвалæй раздæр донхорыг дон цыдис ацы къанауойы. Ныр дон нал цæуы скъуыд у, æмæ дзы æрмæст канализацийы дон цæуы. Уыцы донæй сыхаг йæ дыргъдоны ныддонхорыг кодта æмæ дзы мæ дыгъдонмæ дæр рахъардта. Цы фæткъуыбæлас дзы донхорыг æрцыд, уый бахуси æмæ йын йæ фæткъуытæ фос дæр нæ бахордта, æнæзæрдæмæдзæугæ тæф сын уыд. Æз уæд нæма хæрз чысыл уыдтæн, уыцы цæхæрадоны дыргъбæлæстæ куы ныссагътам æмæ ныр бахус сты. Мæнæ ацы хус уидæгтæ дæр уырдыгæй æрхæсгæ сты. Бæлæстæ бахус сты æмæ ма афтид зæхх баззади. Æвгъау сты, 80 аздзыд лæг дæн. Амæй размæ мæ акодтой æмæ мын сæ фенын кодтой».

Битадзе Вахтанг – Никозы хъæуы цæрæг: - «Хус фæткъуыбæлæстæ сты иууылдæр, иу бын дæр дзы нал бæззы, Бакæсут ма сын сæ бынтæм, бынтондæр хус сты».

Ломсадзе Иванэ (Никозы хъæуы цæрæг): - «Уæртæ ног донхорыг дон ауылты цæуы. Донцъирæнæй цæуы быдырмæ æмæ уымæй донхорыг кæнæм».

Махарашвили Гурам (Никозы хъæуы цæрæг): - «Донцъирæнæй дон уæлæмæ цæуы быдыры фондз километры бæрц. Цалынмæ уырдыгæй ссæуы дон æмæ цалынмæ æрхæццæ вæййы хъæумæ, уæдмæ рæстæг дæр цæуы. Донхорыгы афон нæм августы-сентябры мæйы æрхауы. Сентябры ма донхорыг кæй цæмæн хъæуы?».

Битадзе Вахтанг: - «Уæлвæзы цы дыргъбæлæстæ ныссагътон уыдонæй иу дæр не схъомыл. Ам мын цы дыргъдон ис уырдæм та ног арæзт донхорыгы дон нæ арæхсы. Донмарæнæй хъæуы кæронмæ нæ хæццæ кæны дон. Трубæты бафтауын хъæуы. Раджы загътой, хъуамæ дам бафтауæм трубæтæ, æмæ, нæ зонын, бафтаудзысты? Кæд бафтаудзысты, хорз уыдзæнис».


Print