Ног хабæрттæ
Эргнеты 63-æм фембæлд
Уæ размæ уын хæссæм, гуырдзиаг æмæ ирон фæрсты минæвæртты комментариты, кæцытæ Эргнеты инцидентты превенцийы æмæ уыдоныл архайды механизмы (IPRM) радон 63-æм фембæлды фæстæ скодтой.

Централон хицауады минæвæрттæ фембæлдыл а. х. арæныл æнæзакъонон ахызтæй аххосджын æмбæстаг æрцахсты фактытыл æрныхас кодтой.

Ныхас ма кодтой оккупацийы хаххмæ æввахс территорийыл æнæзакъонæй арæзт телтæй, гæрæнтæй æмæ а. х. «Арæны нысангæнæг» банертæй арæзт уæззау уавæрыл, кæцы оккупацийы хаххы дыууæ фарсырдыгæй цæрæг бынæттон цæрджытæн нысаниуæгджын проблемæтæ кæны.

Æркæсинаг фарстæты хсæн уыд гуырысхойаг уавæрты фæмардуæвæг Башарули Давит æмæ æбæрæгсæфт фæкæнæг Григол Налбандовы хъуыддæгтæ.

Фембæлдыл ма ноджы æркастысты Тъирипоны донхорыг къанауойы оккупацигонд территоритыл уæвæг сегменттыл сыгъдæггæнæн куыстытæ ауадзыны фарстмæ.

Берия Иракли – паддзахадон æдасдзинады куысты минæвар: - «Фембæлдыл мах ‘рдыгæй уыд æвæрд не ‘мбæстæгты æнæзакъонон æрцахсты фарст афтæ хуынд арæны æнæзакъонон ахызты аххосдзинадæй. Мах ма æрныхас кодтам афтæ хуынд бордеризацийы æнæзакъонон процессыл, кæцы гуырымыхъхъæй халы не ‘мбæстæгты бартæ æмæ сын къуындæг кæны сæрибарæй цæуын. Ныхас кодтам ноджыдæр Тъирипоны донхорыг къанауойы фарстыл. Мах баныхас кодтам дэ-факто хицауады минæвæрттимæ, куыд æнæмæнгхъæугæ у ацы къанауойы сног кæнын, оккупацигонд территорийыл уæвæг сегментты реабилитацийы фарст æмæ адарддæр кæнæм ацы æрдæмадмæ консултацитæ, зæгъгæ. Афтæ-ма ныхас кодтам æбæрæг сæфт уæвæг Григол Налбандовы фарстыл. Баныхас кодтам, дэ-факто хицауады минæвæрттимæ, цæмæй ацы æрдæмадмæ арæзт кæй æрцæудзæнис уыдоны ‘рдыгæй конкретон архæйдтытæ, цæмæй сбæрæг уа уыцы хъуыддаг æмæ ма ноджы ныхас кодтам гуырысхойаг уавæрты фæмардуæвæг Башарули Давиты хъуыддагыл».


Print