Ног хабæрттæ
Сырх дзуары æххуыссæй Атоцы хъæуы авд хæдзары бинонтæ дидинджыты хъæрмуат сарæзтой
Карелы муниципалитеты Атоцы хъæуы, кæцы дихгæнæг хаххмæ ввахс уæвы, Шубитидзе Диана дидинджыты хъæрмаут сарæзта.

7 хæдзары бинонтæ Сырх дзуары рдыгæй расидгæ проекты фæлгæтты финансгонд æрцыдысты.

Цасдæр рæстæджы размæ æнæгъæд химикатон хосты бапырхгæнгæйæ дидинджытæ хус кæнын райдыдтой. Сырх дзуары рдыгæй баххуырсгæ агрономтæ бынатмæ ныццыдысты æмæ Шубитидзе Дианайæн уавæры рараст кæнынæн баххуыс кодтой.

«Химикатон хосты куы Гуры æлхæнæм, куы Карелы, куы Тбилисы. Фæлæ, хъыгагæн, уыдон нæ разындысты ахæм гъæджын, цахæм хъуамæ уыдаиккой», – зæгъы Шубитидзе Диана.

Хъæрмуат «Сырх дзуары» проектмæ гæсгæйæ 2015 азы декабры арæзт æрцыд.

«Дыууæ хайæ нæ сфинанс кодтой, æдæппæт, 15 мин ларийы райстам, ацы суммæйæ смонтаж кодтам пырхгæнæн системæ, раивтам æфсæйнаг конструкцийы æмæ йæ бæсты монтажгонд æрцыд згæ кæуыл нæ хæцы ахæм алюмины конструкци», – зæгъы хъæрмуаты хицау. Уый ма кусы Атоцы скъолайы ахуыргæнæгæй дæр.

«Дидинджыты реализаци кæнын мæнæн проблемæ нæу, алыхатт дæр мын ис мæхи æлхæнæг. Абон дæр райстон заказ, фæлæ мæм хъыгагæн уыййас дидинæг нæй, уыдон цас хъуыд. Дидинджыты реализаци кæнæм Гуры, Хашуры, Карелы æмæ Борджомы. Хъæрмуат мæнæн æнæзонгæ нæу, бирæ азты дæргъы мын уыдис хъæрмуат æмæ йæ зонын куыд зилын хъæуы дидинджытæм, уый тыххæй райстон ахæм стыр бæрндзинад мæхимæ. Раздæр азты хъæрмуаты зайын кодон голандиаг тъитъа, ноджы-ма мын уыд памидоры хъæрмуат дæр. Зайæгойтимæ кусын уарзын æмæ мын уайгæ дæр кæны», – дзуры Шубитидзе Диана.


Print