Ног хабæрттæ
Къæвдайы донмæ æнхъæлмæгæсæг хъæу
Дихгæнæг хаххмæ æввахс Атоцы хъæуы къæвдайы донæй пайда кæнынц.

Гогичашвили Марина къæвдайы рæстæджы æфсæйнаг бакы къæвдайыдонæй байдзаг кæны. Мигæнæнты суадоны сыгъдæг донæй æрмæстдæр уазæг æм куы вæййы уæд ныхсы.

Хъæуы 4 азы дæргъы нуазæн доны резервуары æнцъирæн хæлд у. Æмæ уый тыххæй хъæуы цæрджыты бахъæуы дардмæ суадонмæ цæуын дон хæссынмæ.

Суадонæй дон Гогичашвили Заал йæ бæхыл æрбаласы æмæ дзы йæ сыхæгтæн 10-гай литыртæ байуары. Ныртæккæ бæх рынчын у.

Print