Ног хабæрттæ
Репортажы фæстæ лигъдæтты цæрæнуатмæ сабитæн автобус рахицæн кодтой
Мцхетæйы лигъдæтты цæрæнуатмæ, Шида Картлийы информацион центры рдыгæй æрцæттæгонд репортажы фæстæ, скъолæйы сабитæн автобус рахицæн кодтой, канализацион системæйы та хъæуы уагдоны хистæр хисæрмагонд фæрæзтæй ссыгъдæг кодта.

Уый тыххæй бынæттон цæрджытæ Шида Картлийы информацион центрæн радон уазæгуаты уæвыны рæстæджы фехъусын кодтой. 

Уыдоны ныхасмæ гæсгæ, Шида Картлийы информацион центры æрмæджыты бирæтæ федта, æмæ уымæ гæсгæ, цæмæй цæрæнуаты интернеты æнцонвадатдзинад хæрзцъус кæйу, уый тыххæй нæ æркуырдтой, «æндæр ран» фыст сюжетты сын фенын кодтаиккам.

Банысангонд цæрæнуатæй иу мæйы размæ, Шида Картлийы информацион центр репортажтæ канализицион системæйы æдзæттæдзинадыл, сабитæн скъоламæ автобусы снысан кæныныл æмæ ирхæфсæн фæзуаты саразыныл сцæттæ кодта.

Репортажы фæстæ Метехы рцмунебули Маргъишвили Сосойы инициативæй, канализацион системæйы ссыгъдæг кодтой, скъоламæ автобусы райсомы рейс снысан кодтой. Цæрæнуатæй Метехы астæуккаг скъолæмæ æндæр æмæ æндæр кары 25 ахуырдзауы цæуы.

Print