Ног хабæрттæ
Шиндисы хъайтарты мемориалы æфсады кусджытæ хъахъхъæндзысты
10-æм ноябрæй, Шиндисы хъайтарты мемориалы хихъахъхъæнынады министрады фыццаг фистæгон бригадæйы æфсады кусджытæ бахъахъхъæндзысты.

Ай фæдыл информаци Шида Картлийы губернаторы администраци парахат кæны. Уыдоны информацимæ гæсгæ, æмбæлон консултацитæ Шида Картлийы губернийы аппараты æмæ хихъахъхъæнынады министрады хсæн ныридæгæн фесты.

Нысангонд фарстæйыл уагдæтты хсæн бадзырд цалдæр къуырийы размæ, мемориалы ныппырх кæныны факты фæстæ райдыдта.

10-æм ноябры, Шида Картлийы губернатор, Ходжеванишвили Гиорги æмæ хихъахъхъæнынады министрады фыццаг фистæгон бригадæйы сæргълæууæг, полковник Дзнеладзе Ролланд Шиндисы дæр уыдысты æмæ хъайтарты мемориалмæ дидинджытæ бахастой.

Print