Ног хабæрттæ
Атъоцы пианист Кети Уард бендимæ иумæ концерт ауагъта
«Ацы концерт æнæ финансон хæрдзтæй уагъд цæуы», - ай тыххæй пинасит Кети Уард уæд фехъусын кодта, концерты ауадзыны тыххæй Атъоцмæ аппаратурæ куы хастой.

Полицæйы контролы æххуысæй оккупацион хаххы цур аппаратурæ смонтаж кодтой. Уыдонæн æххуыс кодтой змæлд «Тых иудзинады» минæвæрттæ.

Оккупацийы тыххæй бенд специалонæй сконд зарæг сæххæст кодта. Текст Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы гимны бындурыл сарæзтой. Пианист ма ноджы сæххæст кодта «Революцион этюды», кæцыйы Шопен Польшæйы растады фæдыл ныффыста.

«Тынг æвзæр боныхъæд у, тынг цъыф у, фæлæ мах уæддæр ауаддзыстæм концерты. Мах сараздзыстæм музыкалон оккупацийы. Ныфс нæ ис æмæ нæ фæцæудзæн сæ зæрдæмæ нæ концерт», - загъта пинанист концерты райдайыны размæ.

Акци перформанс дыууæ боны размæ плангонд æрцыд. «Нæ фæндон у, цæмæй нæ протест ацы хуызæй равдисæм. Мах скæндзыстæм музыкæйæ оккупацийы. Хъуыды кæнын, цæмæй алы профессийы адæймаг дæр хъуамæ хайад райса ацы хъуыддаджы», - загъта пианист Кети Уард.


Print