Ног хабæрттæ
MMA методтæй лæгæй-лæгмæ хæсты гуйраг Татунашвили Мариам ирайнаг ныхмæлæууæгыл фæуæлахиз
Тбилисы 18-20 январы уагъд æрцыд æппæтдунеон турнир K-1 æмæ MMA–йы, уарзджыты æмæ профессионалты ‘хсæн.

Ерысты Гурæй фондз спортсмены райстой хайад. Æртæйæ хайад райстой уарзæгон MMA-йы, æмæ дыууæйæ та, профессионалты.

Профессионалты ‘хсæн æнтыстджынæй фæуæлахиз сты Татунашвили Мариам æмæ Гочашвили Гурам, кæцытæ 70 кг æмæ 86 кг уæзæй категориты уæлахизы рæттæ рамбылдтой. Дыууæ дæр ирайнаг ныхмæлæууæгтыл фæуæлахиз сты. Сæрмагондæй фæнысангæнинаг у Мариамы уæлахиздзинад, кæцы æдæппæт цалдæр секундмæ (20 сек) йæ ныхмæлæууæджы басаста.

Уыдонæй дарддæр ма фыццаг бынæттæ райстой Махъишвили Ника (37 кг) æмæ Топчишвили Лука (40 кг). Дыккаг бынат та Санеблидзе Ника (35 кг) райста.

MMA-æмхæццæ лæгæй-лæгмæ хæст – ай у иу спорты мидæг баиугонд бокс (тымбылкъухæй хæцын), кигбоксинг, джиу-джицу, каратэ æмæ муай-тай, кæцыйы рæстæджы дæр тохгæнджытæ пайда кæнынц æндæр æмæ æндæр техникæйы уый тыххæй, цæмæй фæуæлахиз уой – уыдон тох кæнынц, цæвынц кæ
-
Print