Ног хабæрттæ
«Фæнды мæ, цæмæй мæ царды фæстаг азтæ Бошурайы арвитон», - Шатакишвили Мтвариса аздонæй (приютæй)
Шатакишвили Мтвариса 55 азы мидæг Гуры гуырæндон хæдзары куыста æмæ цардис. Фæстаг фондз азы дæргъы, уый цардис гуырæндоны палататæй сæ иуы.

Бинонты ‘хсæн конфликтмæ гæсгæ, Мтвариса æнæхæдзар-æнæдуарæй баззадис. Уый Гуры муниципалитеты Бошурайы хъæуæй у. Уыдис ын хæдзар, кæцы Гуры Стъалины проспектыл уыд. Зæгъы, цæмæй уый йæ хæдзары 5 азы размæ ауæй кодта, цæмæй йе ‘фсымæры хъæбулæн баххуыс кодтаид.

«Уый фæстæ, цæрынмæ ацыдтæн мæ райгуырæн хъæумæ, Бошурамæ. Умы хæдзар дæр, зæгъæн ис, æмæ мæхи арæзт у. Уæд мын уыдис уый фадæттæ. Хæдзары ныффыстон мæ мадыл. Мæ мад мын бæргæ дзырдта, дæхиуыл, дам, æй ныффыс, æндæра дам, мæ мæлæты фæстæ æнæхæдзарæй баззайдзынæ. Уæд, æз, ууыл нæ ахъуыды кодтон, ме ‘фсымæр æмæ ме ‘фсымæры хъæбулты фæхъыг кæнын мæ нæ бафæндыд. Æмæ растдæр афтæ æрцыд. Мæ мады фæзианы фæстæ æцæгæйдæр æнæхæдзарæй баззадтæн. Закъæттæ нæ зыдтон æмæ хæдзар æнæхъæнæй ме ‘фсымæрæн баззадис», - зæгъы Шатакишвили Мтвариса.

Шатакишвили Мтварисайы хабар телеуынынад Рустау-2 рапарахат кодта. Мтварисайы æфсымæр афтæ зæгъы, цæмæй уый йæ хойы хæдзарæй нæ арвыста. Æфсымæры ныхæстæм гæсгæ, йæ хойы бирæ уарзы æмæ йæ мысы. Бинонты ‘хсæн конфликты тыххæй полицæйæн цалдæр хатты фехъусын кодтой.

Ныртæккæ, Шатакишвили Мтвариса цæры Хурвалеты ацæргæты аздоны (приюты). Уый фæнды, цæмæй йæ царды фæстаг азтæ райгуырæн хъæу Брошурайы арвита.

Print