Ног хабæрттæ
Гуры полицæйы бæрзонд чинхæссæг æмкусæгæн йæ хæдзары æмбæрзæны гамгебелийы бахæсгондæй раивтой
Гуры мидхъуыддæгты хайады æмкусæгæн, Кодошвили Паатæйæн, мерийы бахæсгондæй, йæ хæдзары æмбæрзæны раивтой. Ацы хабары æвдисæг документацийы Qartli.ge ссардта. Документтæм гæсгæйæ, зæронд хæдзары компани «Алонис» бацалцæг кодта.

Полицæйы бæрзонд чинхæссæг æмкусæджы фыд махæн дзуапп дæтты, цæмæй ацы æххуыс уымæн йæ фыртмæ кæй æмбæлдис.

Ацы хæдзары полицæйаг (кæцы, ныртæккæ фæдагурæн органты хайадæн къухдариуæг кæны, йæхи ныхасмæ гæсгæ) 2006 азы балхæдта. Хæдзары раздæры хицау 90-æм азты гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы, Цæгат Ирыстонмæ алыгъд æмæ уæдæй фæстæмæ уым цæры.

«Хæдзарæн бахъуыд раивын йæ уæлхæдзары, уый тыххæй æмæ йæ дымгæ ныппырх кодта. Тыхдымгæ уыдис æмæ уæлхæдзары сæр бынтондæр сæгом кодта. Кæд исты рæдийы мæ хъæбул уæд æй мæнæн зæгъут æмæ йын мæхæдæг дзуапп ратдзынæн», - загъта нын полицæйагы фыд. Фыд кусы депутат Макрахидзе Йосебы компани «Иболийы» æмæ бригадæйæн къухдариуæг кæны.

Qartli.ge ссардта полицæйы бæрзонд чинхæссæг æмкусæджы хæдзары æмбæрзæны æвдисæг фототæ, кæцымæ гæсгæйæ, аскъуыддзаг кодтой, цæмæй ацы хæдзарæн æххуыс кæй хъуыдис. «Алонисы» директор Македон Анаников зæгъы, цæмæй уымæ гамгеобайæ цалдæр дæсгай æмбæстаг адæймæгты номхыгъд æрбарвыстой æмæ йын бахæс кодтой, цæмæй форсмажорон ситуацийы уæлхæдзæрттæн реабилитаци ауагътаиккой. Æмбæстæгты хæдзæртты æвзæрсты процессы уый хайад нæ райста.





«Æз, 80-мæ ‘ввахс хæдзары уæлхæдзары сцалцæг кодтон. Æдæппæтæй мын бахардз ис 300 000 ларийы бæрц. Куыстытæ иу мæйы мидæг сæххæст кодтон. Гамгеоба мын мæ куысты аргъ нæ бафыста», - зæгъы Македон Анаников. Уый тæрхондонмæ бахъаст кодта æмæ йе ‘хцайы суммæ мерийæ домы.

Мерийы зæгъынц, зæгъгæ, ацы æхцайы суммæ уыдоны фидинаг нæу. Компанийы къухдариуæггæнæг зæгъы, цæмæй бынæттон хицауады ницæмæдард цæстæнгасмæ гæсгæ, бадзырд форсмажорон уавæрты хъуамæ оформитгонд æрцыдаид.

Тæрхондоны процесс 12-æм февралы у нысангонд. Уыцы цауы, кæд мериа раст нæ разындзæн, уæд полицæйы æмкусæджы хæдзары реабилитацийы тыххæй бахардзгонд æхцайы суммæ хъуамæ бюджетæй фыст æрцæуа. Кæннод, компанийæн полицæйаг йæхæдæг хъуамæ бафида реабилитацийы хæрдзтæ.




Print