Ног хабæрттæ
Вазагашвили Жужуна Хъарапилайы хъæуæй
Вазагашвили Жужуна Хъарапилайы хъæуы цæры. Уымæн йæ хæдзар хъæумæ бахизæны ис. Ирон хъæу Орчъосаны ‘рдыгæй зæххы хæйттæ бакусы, цыранæй ма ноджы иу ирон хъæу Земо Хъури (Уæллаг Хъус) зыны.

«Нæ зонын, цæмæн æй хонынц «Земо Хъури (Уæллаг Хъус), фæлæ æвæццæгæн хохы фæхсты ‘хсæн кæй ис, уый тыххæй йæ афтæ хонынц», - зæгъы хъазгæйæ, æнæуи та йæ мады райгуырæн хъæуы коймæ, йæ цæстытæ цæссыгæй айдзаг сты.

Интервью уыцы бынаты ныффыстам, цыранæй Орчъосан æмæ Земо Хъури армы тъæпæнау зынынц. Дзуры, цæмæй абон æгас хъæу Маргъишвили Аланы æрцахстыл хъуыды кæны. 35-аздзыд нæлгоймаджы знон изæрæй йæ хионимæ, Читъишвили Гиоргиимæ иумæ уырыссаг æфсæддонтæ æрцахстой. Читъишвили Гиорги Хъарапилайы хъæумæ ‘ввахс сыхаг хъæу Зардианткъарийæ у.

«Ам нæ алыварс цы хъæуты уынут, гуырдзиаг хъæутæ дæр æмæ ирон хъæутæ дæр, иу рæстæджы, иуылдæр иу хæдзары бинонтау уыдыстæм. Абон та, не ‘хсæн, уырыссаг æфсæддонтæ лæууынц. Æз дæр ахст уыдтæн. Федтон, цæмæй ацы, а. х. арæнмæ ‘ввахс уырдыгон уæлдæр гæсады адæм æрбацыдысты. Бацыдтæн сæм æввахс æмæ сын загътон, зæгъын, кæдмæ хъуамæ уат ам æмæ кæдмæ ма хъуамæ уадзат адæмы сæ хиуæтты фенынмæ. Афтæ сын куы загътон, уæд мын уыдон уайтагъд дзуапп раттой – ахст дам дæ, арæныл дам, æнæзакъононæй рахизыны тыххæй», - дзуры Вазагашвили Жужуна.

Уый нырма Орчъосаны постмæ бакодтой, стæй йæ Цхинвалмæ акодтой.
«Бафыстон ивар æмæ мæ рауагътой», - загъта нын Вазагашвили Жужуна.
Æхцайы бафидыны процедурæтыл æй нæ фæнды дзурын.

Хъарапилайы 40-мæ ‘ввахс хæдзары бинонтæ цæры. Хъæумæ бацæугæйæ ныл цалдæр адæймаг фембæлдис. «Амы цæрджытæн, зæгъæн ис, æмæ сеппæтæн дæр хæстæджытæ ис уыцырдыгæй хъæуты. Чидæриддæр бахъавыд йæ хæстæджытæм бацæуын, алкæй дæр сæ æрцахстой. Ай цыдæриддæр мах сæрыл цæуы, тынг æнахуыр хъуыддаг у. Дæ мад уыцырдыгæй уæд, дæ хо уыцырдыгæй уæд, дæ фыдыфсымæры хъæбул, кæнæ дæ мады фсымæры хъæбул уыцырдыгæй уæд – куыд хъуамæ дæхи бауромай?», - Хъарапилайы хъæуы цæрджытæн, зæгъæн ис æмæ сæ фылдæр этникон ирон у.


Print