Ног хабæрттæ
Фыссæг Чигъвинадзе Алекси лигъдон сабитæн чингуытæ балæвар кодта
Фыссæг Чигъвинадзе Алекси лигъдæтты цæрæнуатмæ сывæллæтты литературæ ныххаста æмæ сæ сабиты рæвдауæндонæн балæвар кодта. Фыссæг, йæ бинойнагимæ иумæ, нырма Шаушвебы лигъдæтты цæрæнуаты уыдис, стæй та, Гуры 19-æм сабиты рæвдауæндоны уыдис.

19-æм сабиты рæвдауæндонмæ та, Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты цæрæг сабитæ цæуынц.

Чигъвинадзе Алекси у Якоб Гогебашвилийы номыл сабиты æмæ æрыгæтты литературон премийы уæлахиздзау. Йæ бинойнаг та – Джанелидзе Ана ИНО-йы сабиты фонды скъолæагъоммæ ахуырады специалист.

«Фыссæг цы гонорар райста, уымæй, сабиты литературæ балхæдта. Уый 130 чиныгæй фылдæр Гуры муниципалитеты уыцы сабиты рæвдауæндæтты байуæрста, кæцыты фылдæр уыдысты лигъдон сабитæ. Фыссæг цалдæр экземпляры Гуры муниципалитеты скъолæ агъоммæ хъомылады агентады библиотекæйæн дæр балæвар кодта. Ацы чингуытæй пайда кæнын хъомылгæнинæгты ныййарджытæн дæр сæ бон у», - хъусын кæны Гуры мерийы ахуырады хайады къухдариуæггæнæг Берианидзе Нино.

Print