Ног хабæрттæ
Ереды трагедийæ 28 азы рацыд
Фотойыл: 28 азы размæ мард ирон æмбæстæгтæ.

1991азы 18-æм мартъийы Ереды стыр трагеди æрцыд. 12 адæймаг, кæцытæ ирон хъæутæй – Дменисæй, Хелцуайæ æмæ Земочерейæ «Уралы» маркæйы автомашинæйыл, Цхинвалы ‘рдæм куы фæцæйцыдысты уæд сæ Ереды хъæуы цур æрхизын кодтой машинæйæ.

«Уралы» маркæйы автомашинæйыл æдæппæтæй 25 адæймаг бадтис. Сылгоймæгты æмæ сабиты ссæрибар кодтой. Фæлæ уыдонимæ уæвæг 12 нæлгоймаг, фæтары сты. Цасдæр рæстæджы фæстæ сæ мардæй, Гуры прокуратурæйы æххуысæй, 1993 азы ссардтой.

Ацы хабар баст у 1991 азы 18-æм мартъийы Цъвериахойы хохыл æрцæугæ 4 гуырдзиаджы, се ‘хсæн, Миндиашвили Мерабы («Виройы») марды фактимæ. Дыууæ цауы дæр гуырдзиаг-ирон конфликты историйы иуæй-иу æнæрабæрæггонд хъуыддагæй зайы æмæ адæймæгты хъизæмардзинадимæ у бастгонд.

Ацы хабæртты тыххæй 1991 азы мартъийы мæйы газет «Сакартвелос (Гуырдзыстоны) Республикæ» æппындæр ницы кой кæны. Æнæзонгæ зайы уыцы периоды хицауадон газетимæ Мидхъуыддæгты министрады позици.



Фотойыл: 28 азы размæ Цъвериахойы хохыл мард Миндиашвили Мераб.

Дэ-факто Хуссар Ирыстоны Республикæйы къухдариуæгад, æрвылаз дæр, мæрдты ингæнты цурмæ æрымбырд вæййынц, сæ рухс ном сын ссарынц æмæ æрымысынц уыцы трагикон боны æмæ мард ирæтты. Ирон медиа уæрæх бынат дæтты мæрдты хиуæтты мысинæгтæн.

28 азы размæ мартъийы мæйы Гуырдзыстоны цæрджытæ референдумы тыххæй цæттæ кодтой. Хуссар Ирыстоны автономон облæсты та, 19-æм мартъийы хицæн референдум ауагътой. Автономон облæст Советон Цæдисы сконды баззайын домдта, нациналон змæлд та, - Советон Цæдисæй рахицæн кæнын. Фæстагмæ, референдум 31-æм мартъийы уагъд æрцыд. Официалон равзæрæнты бæрæггæнæнæй, референдуммæ гæсгæ, цæрджыты 99%-ы хæдбардзинады фарс рахæцыд.

Гуырдзыстоны хицауадæн, фыццаг хатт, 2007 азы, Санахъоты Димитры инициативæй, фадат фæци 1991 азы 18-æм мартъийы мард æмбæстæгты уæлмæрдтæм бацæуын æмæ сын сæ рухсном ссарын. Ай уыдис «Ныххатыр кæныны æмæ фидауыны акци», кæцы 2008 азы августы хæсты фæстæ, фескъуыд:

«Æз сидын Хуссар Ирыстоны цæрæг адæммæ, ирæттæм æмæ гуырдзиæгтæм, цы æрцыд, уый нæ зæрдыл бадарæм æмæ сындæггай райдайæм змæлын фидауыны ‘рдæм. Мах хъуамæ ныххатыр кæнæм кæрæдзийæн, цæмæй сомбоны нæ хъæбултæ мауал бавзарой, мах цы бавзæрстам, уый, цæмæй нæ хъæбултæн сæ бон уа иумæ хæларæй цæрын», - загъта Санахъоты Димитр, ныххатыр кæныны æмæ фидауыны акцийыл.

Print