Ног хабæрттæ
«Мах æнхъæлдтам, æмæ изæры фæстæмæ æрбаздæхдзыстæм», - лигъдон ахуыргæнджытæ стыр Леуахигомы хъæуæй
Магъалдадзе Венера ныр 37 азы скъолæйы кусы ахуыргæнæгæй. Адонæй 11 аз Гуры дыккаг астæуккаг скъолæйы куысты стаж у. Уый йæ райгуырæн хъæуы 2008 азы августы хæсты рæстæджы ныууагъта æмæ йæ куыст адарддæр кодта Гуры.

Котеджы ма, уый, 86-аздзыд фыды хомæ, раздæры педагог Магъалдадзе Ниномæ дæр зилы. Райгуырæн хъæуы æмæ скъолæйы мысинæгтæ уый æрбылбон дæр мæты æппарынц. Чъехы мæсыг, скъолæйы агъуысты, донмарæны – æрмæстдæр ма сæ фотонывтыл уынынц, кæцытæ къулыл фæлгæты мидæг сты.

Уыдонæн æппæтæй карздæр мысинаг уæддæр райгуырæн уæзæг ныууадзын у:

«Нæ хæдзары ныууадзын куы аскъуыддзаг кодтам, карчы цъиутæ мын уыдис асыккы. Мæ мойæн загътон, Никъо, цы бакæнæм ацы цъиутæн, зæгъын. Сис дам сæ асыккæй æмæ дам асыкк æрзил. Уый фæстæ фосы баскъæрдтон скъæтмæ æмæ сæ бабастон. Мæ мой сæм бацыдис, дуар сын бакодта æмæ сæ суагъта. Цыппар стуры нын уыдис. Дзырдтон ын, дыууæ бонмæ фæстæмæ æрбаздæхдзыстæм æмæ сæ стæй кæм хъуамæ агурæм, зæгъын. Фосы дохтыр уыд мæ мой, Тамарашены тæрхъусты фермæйы куыста», - мысы Магъалдадзе Венера.

Магъалдадзе Нино та, кæцы абон 86-аздзыд у, хæсты райдайæн боны, æппындæр нæ хъавыд хъæуы ныууадзын: ,
«Уыцы райсом уынг марзтон. Мæ сыхаг рацæйцыд, æмæ дам, цы ми кæныс, нæ дам уыныс, нæ сæрмæ дам, бомбæтæ куы згъæлынц, уæд дам, дæ мæрзыны мæт ис? Аппæрстон мæ цъылын æмæ ралыгътæн. Æнхъæлдтон, изæры фæстæмæ æрбаздæхдзыстæм хæдзармæ, фæлæ ма нæ чи æрбауагъта?», - зæгъы Магъалдадзе Нино. Уæдæй фæстæмæ йæ мæт, йæ мысинæгтæ ацæргæ сылгоймаг гæххæттыл фыссы. Уæдæй фæстæмæ 4000-æй фылдæр изæры аивгъуыдта. Бакæсут ацы темæйыл фыст Магъалдадзе Нинойы боныгæй.

«Мæнæ ай не скъолæ у, Чъехы скъолæ, ай та мæсыг у, ацы донмарæн Леуахийыл уыд арæзт».


Print