Ног хабæрттæ
«Ай арæн у, кæцы арæн нæу» - The Grand Tour-ы Хурвалеты æмæ Гуры
Алæвæрд The Grand Tour-ы æххæст видео рапарахат ис, кæцы Гуырдзыстонмæ балцы æвдисы. Фысты Гуры æмæ Хурвалеты журналистты визит дæр æвдыст æрцыд. Ныгуылæн Гуырдзыстонæй рацæугæ колоннæ нырма Гуры, стæй та, оккупацион хаххмæ ‘ввахс хъæуы æрлæууыд.

«Ай арæн у, кæцы арæн нæу. Мах ныртæккæ ам стæм, уæртæ уым та ис арæн Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн, кæцыйы адæмы фылдæр хай арæныл нымайы, фæлæ уырыссæгтæм афтæ кæсы, цæмæй арæн æнæмæнгæй ам хъуамæ уа. Куы æризæр вæййы уæд та йыл ацырдæм æрбахæцынц. Ахъуыды ма кæн, Гуырдзыстоны цæрыс æмæ райсом куы райхъал уаис Уæрæсейы», - зæгъы Джереми Кларксон йе ‘мкусæг журналисттæн Ричард Хаммонд æмæ Джеймс Мейæн.

Кæс видео – Хурвалеты хъæу


Оккупацион хаххмæ ‘ввахс хъæумæ балцы эпизоды фейсбук-фарс TOP Georgian cars парахат кæны. Ныхасы мидис дæр уыдоны ахæлиугонд у.

Гуры хабармæ та, цы хауы, уымæй журналисттæ Стъалины музейы бабæрæг кодтой æмæ банысан кодтой, цæмæй уыдон диктаторы хæдзар-музейы кæй сты.

Кæс видео – Стъалины хæдзар-музей.



Print