Ног хабæрттæ
Никозы полицæйы бæстыхайы раз хъайтарты мемориал арæзт æрцæудзæн
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Земо (Уæллаг) Никозы хъæуы хъайтарты мемориал æвæрд æрцæудзæн. Ай фæдыл курдиат Гуры мэрмæ бынæттон цæрджытæ бадæттой.

Мэриа баххуыс кæныны нысанæн хъуыддагимæ базонгæ кодта губернаторы. Губернатор та, Мидхъуыддæгты министрадмæ балæвæрдта куырдиат, цæмæй ацы хъуыддаг æххæст æрцæуа.

Мидхъуыддæгты министрад, зæххы хай рахицæн кæныны тыххæй, фыстæг арвыста исады национ агентадмæ. Исады национ агентад та, Гуры сакребулойæн фехъусын кодта.

Фыстæджытæ æрвитын райдыдтой 2019 азы 8-æм февралæй.

Зæххы фадыгыл, кæцы Никозы полицæйы æмæ административон бæстыхайы раз ис, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады тыххæй тохы фæмардуæвæг полицæйæгты æмæ бынæттон цæрджыты хъайтарты мемориал арæзт æрцæудзæн.

Print