Ног хабæрттæ
«Хæлардзинады фæзуат (сквер)» лигъдæтты цæрæнуаты
Карелы муниципалитеты Ахалсопелийы (Ногхъæуы) хъæуы цур лигъдæтты цæрæнуаты хæлардзинады фæзуат (сквер) сарæзтой. Ай фæдыл информацийы æмбæстагон клуб «Толерантоба (толерантдзинад)» парахат кæны.

Процессы куыд бынæттонтæ, афтæ, лигъдон æрыгон фæсивæд дæр хайад исынц. Æмбæстагон клубы уæнгты курдиатмæ гæсгæ, фæзуат (сквер) арæзт æрцыд къаннæг гранты проекты фæлгæтты. Фæзуаты (скверы) бæласы талатæ дæр ныссагътой, кæцытæ сын Хашуры хъæдæрмæджы куыстуат балæвар кодта.

«Ацы проекты нысан у лигъдон æмæ бынæттон цæрджыты интегрирдзинад. Процессы хайад истой куыд лигъдон скъоладзаутæ, афтæ бынæттон скъоладзаутæ дæр, æххуыс нын кодтой куыд ныййарджытæ, афтæ хуымæтæг æмбæстæгтæ дæр», - зæгъынц æмбæстагон клубы минæвæрттæ.

Проекты фарсхæцæг у æхсæнад «Биликъи».


Print