Ног хабæрттæ
Чысыл Хурвалеты цæрджытæн уæлмæрд саразынæн зæхх рахицæн кодтой
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс чысыл Хурвалеты цæрджытæн уæлмæрд саразынæн зæхх раттой. Ай тыххæй уынаффæ рахаста Гуры мэриа.
Мэрийы администрацийы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, чысыл Хурвалеты (се ‘хсæн Бобнеу) цæрджытæн сæ мæрдты баныгæнын цæрæнуатмæ ‘ввахс уæвæг территорийыл сæ бон уыдзæнис.

Хъæуы фарсхæцыны программæйы фæлгæтты, рахицæнгонд зæххы сæмбонд кæндзысты.

Ацы цæрæнуаты цæрæг бинонтæн сæ мæрдтæ зæронд уæлмæрды баззадысты, кæцы ныртæккæ оккупацигонд у. Стыр Хурвалеты уæлмæрдмæ та, цы хауы уымæй, уым цæрæг бынæттон адæмæн уæддæр сæ бон вæййы бацæуын уæлмæрдмæ (религион бæрæгбонты рæстæджы).

Qartli.ge уæлмæрды проблемæты тыххæй, æрмæг ивгъуыд азы бацæттæ кодта.

Кæс ацы темæйыл ноджы.

Бобневы хъæуæн (чысыл Хурвалет) уæлмæрд нæй.




Print