Ног хабæрттæ
Мухатгвердийы уæлмæрдыл Татунашвили Арчилы рухсном ссардтой
2-аг апрелы Татунашвили Арчилы гуырæн бон у. Абон ууыл 36 азы сæххæст уыдаид. Мухатгвердийы æфсымæрон уæлмæрдыл уыдысты Фидыдады æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министр Цихелашвили Кетеван, кæцы ноджы иу хатт бинонты уæнгтæн мæсæллæй ракодта.

«Иу афæдзæй фылдæр рацыди, уый æнæзакъононæй куы æрцахстой æмæ йæ хъизæмарæй куы амардтой Уæрæсейы ‘рдыгæй оккупирон Цхинвалы регионы. Аххосджынтæ, кæцытæ уый мæлæты хайад райстой, абон дæр æнæфхæрдæй зайынц, ацы бон махæй алкæмæндæр трагедийы бон у. Фæлæ мах уый афтæ нæ ныууаддзыстæм, абон дæр нæ делегаци Женевæйы ис æмæ æнæхъæнæй паддзахад, алы инструменты спайдагæнгæйæ адарддæр кæндзæн йæ тох уый фæдыл, цæмæй Татунашвилийы мæлæты аххосджынтæ æфхæрд æрцæуой æмæ цæмæй фидæны ахæм цаутæ мауал æрцæуа. Уыцы нысæнтты мах æнæмæнгæй сæххæст кæндзыстæм сабырдзинадимæ, кæцыйы тыххæй Татунашвили Арчил, Отхозориа Гига, Башарули Дато æмæ бирæ не ‘взонг фæсивæд хотыхджын быцæудзинæдты, уырыссаг агрессийы рæстæджы амæттаг фесты. Афтæ-ма, ноджы нырма æнæсбæрæгæй зайы Кварацхелиа Ираклийы хъуыддаг дæр».

«Фæнды мæ ноджы иу хатт мæсæллæй ракæнон бинонтæн мæхи номæй æмæ падзахады номæй дæр. Нæ зæрдыл дарæм æмæ æрвылхатт дæр нæ зæрдыл лæудзæн, цæмæй Татунашвили Арчил хъайтар кæй у æмæ алцыдæр сараздзыстæм уый тыххæй, цæмæй аххосджынтæ дзуапп раттой», - фехъусын кодта Цихелашвили Кетеван.


Print