Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххы цур мартъийы мæйы 46 гоймаг æрцахстой
Мартъийы мæйы дэ-факто Хуссар Ирыстоны территорийыл а.х. арæныл æнæзакъонон ахызты тыххæй æмæ арæнон режимы фехалыны аххосагæй, 46 адæймаг ахст æрцыд.

Ай фæдыл информаци ирон медиа парахат кæны. Агентад «Ресы» бæрæггæнæнмæ гæсгæ, февралмæ абаргæйæ, бирæ фæфылдæр сты. Ацы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, уырыссаг æфсæддонтæ раззаг мæйы 31 адæймаг æрцахстой.

Куыд рабæрæг афтæмæй, 48 адæймагæй 13 æмбæстаг арæныл æнæзакъононæй ахызты аххоссагæй æрцахстой, фæлæ иннæ 33 адæмаг та, - арæнон режимы фехалыны пунктæй.

Цхинвалы ауадзгæ тæрхондоны скъуыддзагмæ гæсгæ, 30 æмбæстаг иваргонд æрцыд, 3 æмбæстаг та, а.х. республикæйæ арвыстой, 2 æмбæстаг та ивар æнæбафидгæйæ ссæрибар кодтой, 14 æмбæстаг та, фæдзæхст райстой.

Дэ-факто республикæйы æдасдзинады камитет æмбæстæгтæн хъусын кæны, цæмæй алы документ дæр а.х. республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ рæстæгыл бавдисой, цæмæй бацæуыны æмæ рацæуыны бар рæстæгыл райсой.


Print