Ног хабæрттæ
Квернакы хохыл бабынуæвæг хъайтарты номыл 169 миндалы бæласы талайы ныссагътой
Гуры Квернакы хохмæ ‘ввахс территорийыл, Самебайы аргъуаны цур 2008 азы августы хæсты бабынуæвæг хъайтарты хъæбултæ цъæхгæнæн акцийы хайад райстой.

11-17-аздзыд сабитæ, Гуырдзыстоны Хъахъхъæнынады министр Изориа Леван æмæ хъахъхъæнынады тыхты раздзог, инæлар-майор Чачибайа Владимеримæ иумæ, тохгæнджыты номыл символиконæй 169 миндалы бæласы тала ныссагътой.

Цъæхгæнæн акци Хъахъхъæнынады министрады инициативæй æмæ Гуры муниципалитеты мэрийы фарсхæцынæй уагъд æрцыд. Фермер, Земо (Уæллаг) Никозæй, Мчедлидзе Гиорги акцийы тыххæй миндалы бæласы талатæ хъайтарты бинонты уæнгтæн лæвæрæн ратта.

Миндалы бæласы талаты ныссадзыны фæстæ, Хъахъхъæнынады министрады бæрнон кусджытæ æмæ хъайтарты хъæбултæ Гуры Самебайы аргъуанмæ бацыдысты. Хъомылгæнинæгтæ рухс загътой сæ фыдтæн æмæ сæ фыдты æмтохгæнджытæн æмæ сын сæ номыл мыдадзын цырæгътæ ссыгътой.

Хъахъхъæнынады министры инициативæй, территорийыл мемориал дæр æвæрд æрцыд, фидæны та, регионалон хицæауиуæгадимæ æмгуыстдзинадæй, чысыл масштабы фæзуаты аразын дæр плангонд цæуы.

Цъæхгæнæны акцийы фыццаг фистæг бригадæйы æфсæддон кусджытæ дæр хайад райстой. Мадзалыл уыдысты, Шида Картлийы паддзахадон рцъмунебули Ходжеванишвили Гиорги, Гуры муниципалитеты мэр Тавзарашвили Константине, Гуры Самебайы аргъуаны сауджын Фыд Лукъа æмæ фермер Мчедлидзе Гиорги.



Print