Ног хабæрттæ
«Сиæхстæ уæ хъусдард нæ хъæуы» - хæдзар, цыран авд хъæбулы схъомыл кодтой
Земо (уæллаг) Бролосаны хъæуы Горгадзеты Майа æмæ Амиран ныртæккæ иунæгæй цæрынц. Уыдон ацы хæдзары 7 хъæбулы – 1 лæппу æмæ 6 чызджы схъомыл кодтой. Хистæр хъæбул сын 37-аздзыд у, кæстæр та – 24-аздзыд.

Лæппу Рустауы æххуырст фатеры цæры йæ бинонтимæ иумæ æмæ кусы. Йæ хотæ дæр иуылдæр мойгонд сты, алкæмæн йæхи бинонтæ ис. Иунæгæй баззайгæ мад æмæ фыд та, сæрдæй-зымæгæй уыцы уаты фынæй кæнынц, цыран къултæ гом сты.

Горгадзе Майайы ныхасмæ гæсгæ, уый цалдæр хатты курдиат балæвæрдта баххуыс кæныны фæдыл Хашуры муниципалитеты гамгебелы Гураспашвили Гиоргийы номыл æмæ Хашуры мажоритар депутат Нозадзе Симоны номыл, фæлæ æрвылхатт дæр дзуаппæн «нæй» райста.

Фенут репортаж, цахæм уавæрты цæрынц дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуы, кæцы Хашуры муниципалитетмæ хауы.


Print