Ног хабæрттæ
Соловева Мариа Чъехы хъæуæй
Ирон хæстæджытæ, хæсты фæудæй цалдæр боны фæстæ, Чъехы хъæуы бирæ фæцагуырдтой Соловева Мариайы мойы ингæн. Фæндыдис сæ цæмæй марды буары баныгæдтаиккой уæлмæрды. Скъахтой хæдзары размæ кæрты, цыран æй хæсты рæстæджы сыхæгтæ баныгæдтой.

Соловева Мариайы ныхасмæ гæсгæ, дам æй сыджытæй æвæццæгæн бирæгътæ систой. Абон та, Чъехы хъæу нал ис, налдæр уыцы хæдзар, цыран Соловева-Къахниашвили Мариа адджынæй фæцардис 45 азы дæргъы.

Ныртæккæ Мариа цæры Цъерованы лигъдæтты цæрæнуаты. Уый йæ моимæ базонгæ ис Уæрæсейы. Йæ фидæны мой æфсады уыцы горæты уыдис, цыран Соловева Мариа цардис.

Стыр Леуахигомы сын æртæ хъæбулы райгуырдис. Гуырдзиæгты æмæ ирæтты ‘хсæн фæзынгæ конфликт уымæн æнæнхъæлæджы уыди. «Хъуыды дæр ыл никуы акодтон, æмæ ахæм исты æрцыдаид», - зæгъы Соловева Мариа, нырма ноджы, 90-æм азты æрцæугæ цауты, комбæстæйы ацы конфликты рæстæджы йæ цæсты раз бирæ адæймаг фæци конфликты амæттаг.

Уымæн йæ бинонтæ æмæ хъæу ацы конфликты фæстæ сæ цард дарддæр кодтой. Фæлæ 2008 азы августы мæйы, изæры 7 сахатыл, хъæуы йæ хъæбултимæ æмæ хъæбулы хъæбултимæ иумæ ныууагъта. Цалдæр хæдзары бинонтæ æндæр фæндагыл зæронд автобусыл рацыдысты.

«Хæдзары нын тынг бирæ фос æмæ хæдзарон мæргътæ уыдис. Мæ мой мын загъта, сымах, дам, ацæут, æз дам, хæдзары нæ ныууаддзынæн дзæгъæлæй. Баззад уым. Бомбæ æрхауд æмæ уый амæттаг баци. Хъæуы ма чи баззад сыхæгтæй, уыдон æй кæрты баныгæдтой. Стыр æфсæйнаг æрсагътой сыджыты мидæг, цæмæй фæстæмæ æрбаздæхыны цауы йæ æнцонæй ссардтиккам, фæлæ нæ ирон хæстæджытæ нал ссардтой ингæны», - зæгъы Соловева Мариа


Print