Ног хабæрттæ
Ирон æвзаджы бон Шаушвебы скъолæйы
7-æм къласаг Беруашвили Ана ныр æртыккæгæм аз ахуыр кæны ирон æвзаг. Ирон æвзаг ахуыр кæнын уый тыххæй аскъуыддзаг кодта, æмæ йе ‘мгæрттæ активонæй хайад исынц ирон æвзаг ахуыры процессы. Афтæ ма, йæ ноджы фæнды, цæмæй йын Цхинвалы цы хæстæджытæ баззад уыдонимæ иронау дзура.

Шаушвебы астæуккаг скъолæйы ирон æвзаг ахуыр кæнынц ныр 6 азы мидæг. Ирон æвзаджы ахуыргæнæг Куымæридтаты Кетинойы ныхасмæ гæсгæ, сывæллæтты нымæц азæй азмæ фылдæр кæны.

«Фыццаг азы ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ 10 ахуырдзау æрбацыд, ныртæккæ ахуырдзауты нымæц дзæвгар фæфылдæр. Уыдон фæнды сахуыр кæной иронау, цæмæй сын коммуникаци оккупирон территорийыл баззайгæ хиуæттимæ æнцон уа», - зæгъы ахуыргæнæг.

Шаушвебы астæуккаг скъолæйы ирон æвзаджы бон снысан кодтой. Бæрæгбоны мадзалмæ æрбацыдысты Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министры хæдивæг Гигаури Лиа æмæ Хуссар Ирыстоны администрацийы хистæр Санахъоты Димитр.

«Хъыгагæн, Гуырдзыстоны ирон æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнджыты дефицит у, раджы кæд æрмæст цалдæр скъолæйы ахуыр цыд ирон æвзаг, ныр скъолæты нымæц сырæзтис. Шида Картлийы йеддæмæ ма ирон æвзаг Къахеты цалдæр скъолæйы ахуыр кæнынц», - загъта Гигаури Лика.

Бæрæгбоны мадзалы хайад иста филологион доктор, профессор Беппиты Наира, кæцы у Иване Джавахишаилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты гуырдзиаг-ирон æмахастыты зонадон-иртасæг центры директор. Уый Шаушвебы скъолæйы ахуырдзаутæн ирон фысджыты æмæ æхсæнадон архайджыты чингуытæ балæвар кодта.

Адæмон хъахъхъæнæг позитивонæй аргъ кæны ахуырады министрады уынаффæйы, кæцымæ гæсгæ 2015-16 азтæй гæнæндзинад сси Гуырдзыстоны иуæй-иу скъолæты чысыл нымæцон национ къаддæр хæйтты мадæлон æвзаг сахуыр кæнын – ирон, ассирийаг, удигъаг, курттаг (курманджи), авайраг (хундзаг).

Зæгъæм, нырма ноджы, 2014 азы январы мæйы, Нануашвили Учайы инициативæй адæмон хъахъхъæнæджы аппараты цур арæзт æрцыд консултацион, æдзухархайдон совет ирон форум, кæцы Гуырдзыстоны цæрæг ирон темы минæвæртты æмæ активистты иумæ иу кæны æмæ кæцыйæн йæ нысан у этниконæй ирон æмбæстæгты бартæ бахъахъхъæнын, гæрзифтонг конфликтæй кæрæдзимæ адардгонд цæрджыты ‘хсæн æууæнкдзинад æмæ æмахастыты сæндидзын кæнын æмæ ацы нысанæй рекомендацитæ бакусын.


Print