Ног хабæрттæ
Адæймаджы барты центры минæвæрттæ Хашуры муниципалитеты дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты бабæрæг кодтой

Цъагъвлийы теммæ цы хъæутæ хауы, уыдон пайда кæнынц хæххон комбæстæйы статусæй. Хъæутæ газификацигонд сты. Тем дзæвгар дæрддзæф у районы центрæй æмæ денджызы æмвæзæй дæр дзæвгар бæрзонд у. Хъæуты ‘рдæм цæуæн фæндаг тынг хæлæтдзаг уавæры ис, ахæм уавæры сты хъæуты мидæг фæндæгтæ дæр. Уыдоныл цæуын уæлдай проблемон вæййы къæвдаджын боны, фæлæ зымæджы та бирæ хъæутæм æппындæр нæ вæййы транспортыл бацæуыны фадат.

Темы алы хъæуы иумæ 1200-мæ ‘ввахс бинонтæ цæры. Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс уæвгæйæ бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ, уыдонæн сæ хъæуты нæ уыдис æнæзаконон ёрцахсыны кæнæ аскъæфыны фактытæ.

Миграци ацы темы алкæцы хъæуы дæр иттæг стыр проблемæ у. Уымæ гæсгæйæ, сабиты гуырæнад ам дзæвгар ныллæг у. Алы хъæуы цæрæджы иунæг-иу æфтиаг у хъæууон хæдзарад – байтауынц нартхор æмæ мæнæу; дыргъ къаддæр зайы ацы хъæуты. Цъагъвлийы амбулаторийы æмкусджытæ, кæцытæ æгас темæн лæггад кæнынц, банысан кодтой, цæмæй 2018 азы æгас темы æрмæст 12 сывæллоны райгуырдис. 2019 азы та, нырма иу сывæллон дæр нæ райгуырд.

«Адæймаджы барты центры» минæвæрттæ проекты «Лæвар юридион æххуыс æмæ адæймаджы барты мониторинг» фæлгæтты Хашуры муниципалитеты дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты бабæрæг кодтой.

Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс цы хъæутæ хауынц Цъагъвлийы теммæ, уыдон сты: Цъагъвли, Хъоб, Клдиспири æмæ Чорчана. Адæймаджы барты центр проекты æххæст кæны фонды, национ хайбавæрд Демократийы (NED) финансон æххуысæй.



Print