Ног хабæрттæ
Плауы самревло (динон) скъолæ байгом уыдзæн
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Плауы хъæуы самревло (динон) скъолæ байгом уыдзæн. Ай фæдыл Гуры эпархи курдиат балæвæрдта Гуры мэримæ.

Мэрийы уынаффæмæ гæсгæ, раздæры канторæйы бæстыхайы дыккаг уæладзыгыл, самревло (динон) скъолæйæн хатæн лæвæрд æрцæудзæн. Хатæны рахицæн кæныны тыххæй æрдомгæ куырдиатæн сакребуло разыдзинад ратдзæн:

«Епархи нæм курдиат æрбалæвæрдта, цæмæй сæ самревло (динон) скъолæйæн хатæн кæй хъæуы. Раздæры Советы бæстыхайы сын иу хатæн рахицæн кодтам. Бæстыхай зиангонд у, фæлæ нын загътой, кæй йæ бацалцæг кæндзысты. Куыд зонын афтæмæй, уым ахуыр цæудзæн æнæаргъæй æмæ уыдзæн барвæндонмæ гæсгæ. Динон ахуырад уагъд цæудзæн, фæстæдæр æм æвæццæгæн хуыйæн курсытæ дæр бафтдзæнис», - фехъусын кодта Qartli.ge-йæн Гуры муниципалитеты сакрубулойы сæрдар Размадзе Давит.

Плауы самревло (динон) скъолæйы байгом кæныны инициатор у Фыд Басил (Посури).

Print