Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххы цур хъæуты зианбаййафæг цæрджытæн 1 милуан доллары аргъы проект уагъд æрцæудзæн
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты цæрæг цæрджытæн баххуыс кæнынæн USAID-ы проект «Рæзынад Гуырдзыстоны», кæцы регионы мидæг бирæ азты дæргъы кусы, ног, 1 милуан доллары аргъ проект райдайдзæн.

Ай фæдыл информаци æрдз хъахъæныны æмæ хъæууон хæдзарады министрад парахат кæны.
Пресс-куыстуаты бæрæггæнæнтæм гæсгæ,  хъæууон хæдзарады министрады, USAID-ы проект «Рæзынад Гуырдзыстоны» æмæ Шида Картлийы регионы паддзахадон рцъмунебулийы (гæсады) администрацийы ‘хсæн æмбарынады меморандум оформитгонд æрцæудзæн.

«Ацы аз майы мæйы кæрон стыр ихуарды фæстиуæгæн, Шида Картлийы, дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты, зианбаййафæг цæрджыты нымæц 7 минæй ахызтис. Бирæ азон æмæ иуазон зайæгойты базиангонд фæзуат 10 000 гектары онг у. Меморандумыл сæ къух фыссынц æрдз хъахъхъæныны æмæ хъæууон хæдзарады министр Давиташвили Леван, USAID-ы проект «Рæзынад Гуырдзыстоны» минæвар æмæ Шида Картлийы губернатор Ходжеванишвили Гиорги. Къухфысты рæстæджы мадзалыл уыдзæнис паддзахадон министр Фидыдады æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты Цихелашвили Кетеван», - нысангонд цæуы министрады курдиаты.

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй, 25-æм майы, Шида Картлийы цы их æруарыд æмæ тыхдымгæ уыд, уый фæстиуæгæн цалдæр хъæуы зиан баййæфтой. Ацы хъæуты цæрджытæ æххуыс курыны тыххæй проектон акци нырма Гуры мэрийы цур ауагътой, уый фæстæ та, автобаныл. Зиан баййафæг цæрджытимæ фембæлд Гуры хъæууон хæдзарады министр. Уый сын баныфс æвæрдта, цæмæй хицауад банкытимæ иумæ, хæсты фидыны адаргъ кæныны тыххæй уыдонæн баххуыс кæндзæн, афтæ ма, ноджы, алы хæдзары бинонтæ иухаттон æххуыс 200 ларийы бæрц райсдзæн. Фермертæ æмæ зæхкусæг адæм мелиорацион фидинæгтæй сæрибаргонд æрцæудзысты.

Print