Ног хабæрттæ
Минæварад: АИШ нæ нымайы Хуссар Ирыстоны а.х. парламентон æвзæрстыты
«Иугонд Штаттæ нæ нымайы афтæ хуынд парламентон æвзæрстыты, кæцы Гуырдзыстоны, Хуссар Ирыстоны регионы 9-æм июны уагъд æрцыд æмæ йын нæдæр йæ фæстиуджытæ исы нымадмæ», - ай тыххæй Гуырдзыстоны, Америкæйы Иугонд Штатты минæварады курдиаты загъд цæуы.

«Нæ позици Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны тыххæй æмбæрстгонд æмæ æнæивгæ у: ацы регионтæ Гуырдзыстоны æнæфæхицæнгæнгæ хай сты. Мах фидарæй йæ фарс хæцæм Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинадæн уый æппæтдунеон нымад арæнты мидæг. Ноджыдæр иу хатт сидæм Уæрæсемæ, цæмæй сæххæст кæна 2008 азы зынг фескъуыды тыххæй химæ райсгæ алы хæсдзинады дæр. Се ‘хсæн ис, йе ‘фсæддон тыхты ракæнын конфликты агъоммæ уæвæг позицитæй, Гуырдзыстоны регионты: Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады райсты аивын æмæ ацы регионтæм гуманитарон æххуысы сæрибарæй ласын сифтонгкæнынад», - дзырд цæуы курдиаты.

Print