Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты цæрæг 1600-йæ фылдæр студенты паддзахад сфинанс кæндзæн
Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритыл дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты цæрæг 1600-йæ фылдæр студенты паддзахад сфинанс кæндзæн. 

Гуырдзыстоны рухсады, зонады, культурæйы æмæ спорты министрад 2019-2020 ахуыры азты нысангонд студенттæн сæ ахуыр сфинанс кæнынæн 4 000 000 лари рахицæн кодта.  

Министрад 2013 азæй финанс кæны академион уæлдæр ахуырады фыццаг æмæ дыккаг æмвæзадмæ райсгæ студентты ахуыр, кæцытæ сты дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæутæй. Программæйы фæлгæтты финансгонд цæуынц Гуры, Къаспы, Карелы, Хашуры, Душеты, Оны, Сачхерейы, Цъаленджихы æмæ Зугдиды муниципалитетты Гуырдзыстоны оккупацигонд территориты цур дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты (Зугдиды муниципалитеты хъæуты: Рухи, Рихъе, æмæ Хурча) зианбаййафæг студенттæ.

2013 азæй абоны онг оккупацигонд территоритыл дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты цæрæг студентты финанс кæныны статистика фылдæрæй-фылдæр кæны. 2013 азы паддзахад 471 студенты сфинанс кодта, ацы азы та уыдонæн сæ нымæц 1600-æй фылдæр уыдзæнис. Фæстаг авд азы дæргъы паддзахад æдæппæтæй 7000-æй фылдæр студентты ахуыр сфинанс кодта æмæ 15 милуан ларæй фылдæр рахицæн кодта.

Паддзахад Гуырдзыстоны территоритыл дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты цæрæг алы студенты ахуыры æххæстæй гранты фæлгæтты 2250 ларийæ финанс кæны.

Print