Ног хабæрттæ
«Бонджын æмæ зындгонд кæй нæу ме ‘фсымæр, уый тыххæй йæ хъуамæ хицауад рохуаты ныууадза?» – Бестауты Генадийы хо
«Бонджын æмæ зындгонд кæй нæу ме ‘фсымæр, нæ нысан кæны уый, цæмæй йæ афтæ рохуаты ныууадза хицауад», – хъусын кæны Бестауты Генадийы хо, Бестауты Наира. Бестауты Генадийæн Цхинвалы, а.х. тæрхондон 2 азы ахæстоны бадыны тæрхон рахаста, «Арæныл æнæзакъононæй ахызты» тыххæй.

Бестауты Наира дзуры, зæгъгæ, Уæрæсейы æфсæддон тыхты минæвæрттæ, Бестауты Генадийы, Гугутъианткъарийы хъæуы, йæхи хæдзарæй ракодтой.

«Йæ хъус æм ничи дары, уый дæр мæнæ сымахæй фехъуыстон, уыйас тæрхон ын кæй рахастой, æппын ницæй тыххæй. Йæхи хæдзарæй йæ ракодтой, тæккæ «Арæныл» ис йæ хæдзар æмæ уый аххос у, цы бакæна?! Исчи нын баххуыс кæнæд», - хъусын кæны Бестауты Наира.

Бестауты Генадийы 2019 азы ноябры мæйы æрцахстой æмæ «Арæныл æнæзакъононæй ахызтæй» дарддæр ма, йæ фæзылынджын кодтой наркотикты хæссыны, сæрмагондæй та, марихуаны.





 

Print