Ног хабæрттæ
Хæсты ветеран Табатадзе Иродионыл 100 азы сæххæст
22-æм январы, Табатадзе Иродионыл 100 азы сæххæст. Уый 1920 азы райгуырдис Хашуры. Хæдзары бинонтæ уыдысты фондз æфсымæры æмæ иу хо. Сæ фыд раджы фæзиан, Молисы вокзалы æфсæнвæдагон катастрофæйы рæстæджы. Уыцы трагедийы рæстæджы 11 кусæг фæмард ис.

Скъолæйы каст фæуыны фæстæ 1939 азы йæ ахуыр адарддæр кодта уæлдæфон клубы тæхджыты къорды. Фæндыд æй тæхæг рацæуын. Стæй, Коркотадзе Серго æмæ Гаприндашвили Сергоимæ иумæ, ацыдысты Сталинградмæ, цыран куынæггæнджыты авиацион ахуыргæнæндонмæ бацыдысты ахуыр кæнынмæ.

Хæсты райдыды агъоммæ, уый Чувашы респуликæмæ, æхсæвы тæхджыты ахуыргæнæндонмæ арвыстой. Нысангонд ахуыргæнæндон 1941 азы майы каст фæцис. Июны та, дыккаг дунеон хæст райдыдта.

Табатадзе Иродион йæ хæс 1944 азы январмæ сæххæст кодта. Уый Германы горæт Гамбургы бомбæ кæныны рæстæджы фæцæф ис. Йæ хæдтæхæджы йын фехстой æмæ хæдтæхæг цады ныххаудта.

«Бауадзыг дæн, мæ зонд фесæфтон, дыккаг штурман фæмард. Æхсæв уыд, цыппар сахатмæ ‘ввахс. Иу танкист федта, хæдтæхæджы æрæппæрсты факты, æрбацыди цады былмæ, æз миты уæлæ дæлгоммæ хаудæй хуыссыдтæн, мæ пульс мын басгæрста æмæ удæгас куы уыдтæн уæд мæ уайтагъд рынчындонмæ акодтой» - дзуры Табатадзе Иордан.

Табатадзе Иордан дзуры, цæмæй уый æдæппæт 749 тахты сæххæст кодта. Госпиталы 5 мæйы хуыссыдис. Æрыздæхтис Хашурмæ. Хæсты фæстæ мæ техникæ йæхимæ ‘лвæста. «Сарæзтон ваакумон гидростанци, реактивон турбин, уæлдæфон электростанци, уæлдæфон мотор, 50-ы онг мын патент ис райст», - зæгъы Табатадзе.

Автор: Голошвили Татиа


Print