Ног хабæрттæ
Схвилойы мæсыджы реабилитаци райдайдзæн
Дихгæнæг хаххы цур Квемо Чъалайы хъæумæ ‘ввахс, Схвилойы мæсыгæн реабилитацион куыстытæ райдайдзæн. Ай фæдыл qartli.ge-йæн Шида Картлийы регионалон администрацийæ фехъусын кодтой.

Пресс-кустуаты минæвары бæрæггæнæнмæ гæсгæ, проекты презентаци 24-æм январы райсомæй уагъд æрцæудзæн. Схвилойы мæсыджы презентацимæ журналистты фæхуыдтой Гуырдзыстоны культурон бындуры агентады минæвæрттæ æмæ Шида Картлийы губернатор.

Qartli.ge куыд сбæрæг кодта, уымæ гæсгæ, ацы этапыл райдайдзæн реабилитацион куыстыты 1-аг этап. Ацы куыстыты, компани «Тадзари+» сæххæст кæндзæнис, кæцы фæуæлахиз тендеры.
Схвилойы мæсыджы алыварс территорийы ссыгъдæггæнæн куыстытæ проекты 1-аг этапмæ хауы: территорийы ссыгъдæг кæнын био уæлцъары, бырæтты æмæ сыджыты æмæ хæлд дуртæй, кæцытæ уый фæстæ хъуамæ пайдагонд æрцæуой къулты консервацийæн.

«Æнæмæнгхъæугæ у территорийы ссыгъдæг кæнын бырæттæй æмæ сыджытæй, афтæ ма хъуамæ арæзт æрцæуой асинтæ æмæ цхаури (сыхырна) формæ дуар, къахт хъуамæ æрцæуа дыууæ бæлас, кæцытæ хъыг дарынц къулты. Фыццаг этапыл æнæмæгхъæугæ у территорийы ссыгъдæг кæнын, цæмæй разына æмæ плангонд æрцæуой дарддæр ауадзинаг куыстытæ. Ссыгъдæг кæнинаг территорийы æнæхъæн гуырахст у 435 м2», - нысан кæны проекты автор Сосанидзе Гиорги.



Схвилойы мæсыг
Схвилойы мæсыг – астæуккаг æнусты мæсыг-фидар у. Бæрзонд хохы фахсыл арæзт мæсыг фæлгæсы Лехурайы коммæ æмæ Тирипоны тыгъд быдырмæ. Арæзт у XIV-æм æнусты. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, уым раздæр дæр мæсыг уыдис («Матиане Картлисайы» (XI æ.) кой кæнынц X-æм æнусы архайæг Дачи æмæ Иуане Схвилойтæй).

Схвилойы мæсыджы истори баст у Зедгенидзеты (Амилахварты) феодалон фыдæлты мыггагимæ. XIV-æм æнусы уыдон нырма Схвилойы зæххытæ райстой. XVII-æм æнусы 40-æм азты Схвилойы мæсыг Ираны агрессийы ныхмæ тохгæнæг Картлийы гамгебелийы Амилахвар Гивийы иуæй-иу бындурæвæрд уыд. XVIII-æм æнусы кæронмæ Схвилойы мæсыг Амилахварты фыдæлты мыггагмæ хаудис. Фæстæдæр уый фесæфта йæ раздæры нысаниуæг.

Мæсыг планмæ гæсгæ æвдыст цæуы дæргъæццон, цыппаркъуымон фомæйы бæстыхайæ, кæцыйæн иунæг-иу уынгæг бахизæн уыди ныгуылæнырдыгæй. Уый 2 м бæрзонд ран уыдис æвæрд æмæ, куыд зыны, уымæ гæсгæ, йæм хъæдын асинтыл хызтысты ныры онг. Мæсыджы къулты бæрзæнд 11-14 м-мæ хæццæ кæны, йæ бæзн – 2 м, æппæты уæле та арæзт уыд тохгæнджыты змæлæн ярус.

Схвилойы мæсыгæн лæвæрд ис культурон бындуры хъахъхъæды национ агентады цырты статус 2006 азы æмæ уый национ категорийы цыртдзæвæнты номхыгъды ис.


Print