5 га-ы онг зæххы фадыджы хицау лигъдæттæ исбоны фидинæгтæй ссæрибар уыдзысты
5 га-ы онг зæххы фадыджы хицау лигъдæттæ исбоны фидинæгтæй ссæрибар уыдзысты. Ай фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр абоны хицауады рабадтыл фехъусын кодта.

Гахариа Гиоргийы ныхасмæ гæсгæ, ныхас цыд хъæууон-хæдзарадон нысаны уæвæг зæххы фадгуытыл.

«Ай хæрз чысыл æххуыс у, фæлæ уæддæр къух сараздзæн не ‘мбæстæгтæн, кæцытæ хъæууон-хæдзарадон куыст кæнынц», - загъта Гахариа.

Print