Руруа Никъайы фонды уæнгты Хурвалетмæ сывæллоны гуырæнбонмæ нæ бауагътой
Руруа Никъайы номыл фонды «Уырнæд дæ Гуырдзыстон» уæнгты Хурвалеты хъæумæ нæ бауагътой. Уыдон социалонæй æнæхъахъхъæд бинонтæм уазæгуаты цыдысты.

Фонды минæвары курдиатмæ гæсгæ, ацы хæдзары цæрæг сывæллонæн уыдис гуырæн бон, æмæ сæ уымæ гæсгæ, фæндыд, цæмæй ын балæвар кодтаиккой ахуыргæнæн дзумæттæ.

Уазджытимæ уыдис Гоеты университеты доктор, фонды æмбындурæвæрæг Манагадзе Зураб дæр.

«Уырнæд дæ Гуырдзыстон»-ы минæвæрттимæ Шида Картлийы регионалон полицæйы хистæры хæдивæг, Церцвадзе Коба фембæлди, кæцы уыдонæн бамбарын кодта, цæмæй сæ уæлдæр лæууæг органты ‘рдыгæй кæй хъæуы барлæвæрд райсын.

Ацы уæлдæр лæууæг орган та, уыдон куырдиатмæ гæсгæ, Паддзахадон æдасдзинады куыстуат у.

Фæстагмæ фарст аскъуыддзаг афтæ, цæмæй бинонты уæнгтæ хъæуæй постмæ æрбацæуой æмæ фонды лæвæрттæ сæхæдæг ахæсдзысты хæдзармæ.

Print