Дихгæнæг хахммæ ‘ввахс уæвæг куыстуæтты финанскæнынад фæдывæр уыдзæн
Бизнес хъуыддаджы, кæцы ис дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс «USAID Zrda» сфинанс кæндзæн дывæрæй.

Информаци Qartli.ge-йæн «Стартап Гуырдзыстоны» минæвар фехъусын кодта.

Уыдоны информацимæ гæсгæ, проект «Стартап Гуырдзыстоны» ‘рдыгæй сбæрæггонд уæлахиздзаутæн, кæцытæн ис хисæрмагонд бизнес хъуыддаг дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс, «USAID Zrda», «Партнерон фондæй» райсгæ финансад грантæй фæдывæр кæндзæн.

«Стартап Гуырдзыстоны» æмæ проект «USAID Zrda»-йы иумæйаг ног инициативæ нысан кæны, дзырдæй оккупацион хаххы акомкоммæ уæвæг хъæуты цæрæг адæмæн лæвæрд æрцæуа амалдзинад (фадат) райдайой иновацион, ногдзинæдтыл ориентацигонд райдайæг бизнестæ, бынатыл фылдæр куыстуæтты æмæ фылдæр куысты бынæтты скæныны нысанæй.

Инициативы сæйраг приоритет у иновацион куыстуæтты сфинанс кæнын. Бенефициарæй домд цæуы æрмæстдæр минималон æхцайы æмдихкæнынад 10%-ы бæрцæй, иннæ 90%-ы сфинанс кæндзæн «Стартап Гуырдзыстон» уæлбарон дæргъвæтин æмгъуыдон кредитæй, фæлæ проекты рæзт бенефициарæн дæтты гæнæндзинад нысангонд иумæйаг суммæйы фæдывæр кæна æмæ йæ радта лæвар гранты хуызæй.

Куырдиаты райсыны фæстаг æмгъуыд баст у «USAID Zrda»-йы ‘рдыгæй рахицæнгонд 500,000 АИШ доллары сфæрæз кæныны периодыл. Уæлахиздзауты бæрæггонд цæудзысты этапонæй.
Абоны уавæрмæ гæсгæ, «USAID Zrda»-ы гранты райсынæн Шида картлийы регионæй бавдыстгонд ис 50-йы онг курдиаты.

«Партнерон фонды» æмæ «USAID Zrda»-ы иумæйаг проектæй оккупацион хаххмæ ‘ввахс хъæуты ног куыстуæтты сфинанс кæныны нысанæй 2019 азы 20-æм сентябрæй æххæстгонд цæуы. Проекты «Партнерон фонды» кæнгæ компани «Стартап Гуырдзыстон» æххæст кæны.

Print
Тег: USAID Zrda /