Ног хабæрттæ
Рекомендацитæ хæдизоляцийы уæвæг гоймæгтæн
Ног коронавирусы COVID-19 тыххæй рекомендацитæ, хæдизоляцийы уæвæг гоймæгтæн, Низфæзындты контролы æмæ æнæниздзинад хъахъхъæды национ центр дæтты.

• Баззайут уæ цæрæнуæтты кæнæ фатеры.
• Ма ацæут куыстмæ, скъоламæ кæнæ æндæр æхсæнадон æмбырдгæнæн бынæттæм.
• Ма спайда кæнут зиарон цардуагон тыгъдæдты. Кæнæ та сæ се спайдакæныны фæстæ хъуамæ хорз ныссыгъдæг кæнат уыдон.
• Хицæнæй ут иннæтæй, уæ цæрæнуаты кæнæ фатеры.
• Хæринæгтæ, хостæ æмæ æндæр фæрæзтæ уæм хъуамæ лæвæрд цæуой æдасæй.
• Ма райсут уазджытæ уæ цæрæн фатеры.
• Уæхи хизут уæ хæдзарон цæрæгойтимæ контактæй.

Куыд хъуамæ æруромат инфекцийы хæлиукæнынад?

• Хуыфгæ æмæ æхснырсгæйæ амбæрзут дзыхыыл иухаттон фындзмæрзæн.
• Фындзмæрзæны, спайда кæныны фæстæ ныппарут сæрæмбæрзт ведрæйы.
• Ныхсут уæ къухтæ сапонæй æмæ донæй.
• Спайда кæнут хицæнæй уæхицæн æмбæлгæ цардыуагон дзаумæтты, цахæм у хисæрфæн, дæндæгты щеткæ, ивæнтæ, агуывзæ, тæбæгъ æмæ а.д.
• Скæнут маскæ æндæртимæ контактгæнгæйæ.
• Хæринаг æрцæттæ кæнынмæ æмæ бахæрынмæ, афтæ-ма туалеты спайда кæнын фæстæ, ныхсут уæ къухтæ сапонæй æмæ донæй.
• Аудут уе ‘нæниздзинадыл.
• Кæд уæхи хатат æнæфæразон баулæфут, цалынмæ уæхи нæ фæхатат хуыздæр.
• Баназут уыйбæрц дон, цалынмæ регуляронæй нæ фæмизат.
• Æмгæрттимæ æмæ уын бинонты уæнгтимæ контакт уæд телефонæй спайдайæ кæнæ онлайн режимы
• Респираторон симптомты (тæвдниз, хуыфæг, уæззау улæфт) фæзынды цауы фæдзурут 112.
Зæгъдзыстæм уын, цæмæй Низфæзындты национ центры информацимæ гæсгæ, Шида Картлийы масштабæй хæдизоляцийы уæвы æдыппæт 27 гоймаг. Гуры горæтмæ æмæ Гуры районмæ та цы хауы, уымæй, Гуры районы æдæппæт 17 гоймаг ис. Уыдоны басгæрст цæуы æрвылбон режимы Низфæзындты контролы центры ‘рдыгæй.

Print